Марина Кальюранд – фадæтты рудзынг нырма гом у, Гуырдзыстоны хицауад æмæ хицаугæнæг парти  хъуамæ саразой æвзæрст дыууæ фæндагæй, иу евроцæдисы фидæнмæ, иннæ фæстæмæ, ивгъуыдмæ
Марина Кальюранд – фадæтты рудзынг нырма гом у, Гуырдзыстоны хицауад æмæ хицаугæнæг парти хъуамæ саразой æвзæрст дыууæ фæндагæй, иу евроцæдисы фидæнмæ, иннæ фæстæмæ, ивгъуыдмæ

Еврокомисси цалдæр  мæймæ аргъ скæндзæн 12  рекомендацийы æрдгæй прогрессæн, кæцыйы  Гуырдзыстоны хицауад  хъуамæ сыххæст кæна, кæд æй фæнды  цæмæй  бæстæ Евроцæдисы  кандидаты  статус райса,  бамбæхиснаг ницы уал ис, цæмæй ивгъуыд азы  дæргъы  Гуырдзыстоны  хицауады æмæ европаг партнерты æхсæн, сæрмагондæй  европарламентимæ ахастытæ  уыд тынг  мæтæфтауæг» – уый фæдыл   Европарламентари Марина Кальюранд  Брюсселы,  Евроцæдис-Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады  комитеты  рабадтыл  райхъусын кодта.

Марина Кальюранды дзырдæй,   зæгъгæ  Гуырдзыстоны хицауад æмæ   фылдæры хай  хъуамæ сыххæст кæна   йæ æмбæстгты раз цы  дзырдлæвæрдтæ йын уыд уыдон.

«Æвæццæгæн  алчи зонут, европарламенты  дыууæ резолюцийы  фæдыл  медиайы  сæрибардзинады  халыны, журналистты æдасдзинады æмæ  раздæры президенты  Михеил Саакашвилийы   уавæры  фæдыл.  Гуырдзыстоны апрелы æхсæнадæмон   репсубликаг   институты   уагъд   æхсæнадон хъуыдыйы иртасæнмæ  гæсгæйæ,    рекордон   нымæцы  фарсхæцын ис  Евроцæдисмæ интеграцийæн, кæцыимæ  разы  сты цæрджыты 89 %. Гуырдзыстоны  хицауад   æмæ фылдæртæ  хъуамæ  сыххæст кæной сæ дзырдлæвæрдтæ, мах нæ фæлæ  сæ  адæмы  раз.  Фадæтты уникалон  рудзынг   байгом ис æмæ нæ  зонын  цас рæстæг уыдзæн   гом ацы рудзынг.  Уый гæнæн ис  виппайды  æрыхгæд уа. Афтæмæй   ацы историон  шансæй  спайда кæнын  хъæуы.  Нæ архайæм  æвджид кæнын.  Мах дзурæм   куыд   хæлæрттæ, куыд партнертæ, куыд  æмсæртæ» –  райхъусын кодта  Кальюранд.

Кальюранд Евроцæдис-Гуырдзыстоны парламентон ассоциацидзинады комитеты  рабадтыл  куыд райхъусын кодта афтæмæй,   азты размæ  Гуырдзыстон  уыдис  Хурыскæсæн Партнерты æхсæн лидер. Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ  Гуырдзыстон авæстиат ис Украина æмæ Молдовæйæ цалдæр   сферæйы.

«Цалдæр боны размæ  бакастæн  Гуырдзыстоны  парламенты спикер Шалва Папуашвилийы   фидиуæн, ома 12  рекомендацийы 80 процен нырид сыххæст кодтой  æмæ æнхъæлмæ кæсы рæстаг  аргълæвæрдмæ  европаг  партнертæй  фæззæджы.  Хъыгагæн хуъамæ  зæгъон, цæмæй уыцы  хуъыды  фарстатæ æвзæрын кæны   уыцы  информацитæм гæсгæйæ,   кæцыты  исæм Гуырдзыстоны  æмбæстагон дзыллæйы,  афтæма комиссийы  æмæ ныгуылæйнга партнертæй.   Ахты размæ гуырдзысттон уыд лидер хурыскæсæн партнерты æхсæн. Факт уый мидæг ис æмæ 12  приоритеты фæдыл прогресс  æххæст нæу.  Афтæма хъуамæ  загъдæуа, цæмæй   Гуырдзыстон афæстиат ис Украина æмæ Молдовæйæ цалдæр сæйраг сферæйы. Европарламенты  уæнгтæ, Евроцæдисы æндæр  институтты  коллегæтæ  бафæлладысты   уымæ  хъусынæй,  цææмй   архайæм,   исты  амæлттæй   баласæм Гуырдзыстон  дыккаг фронты багомы  Уæрæсейы ныхмæ.  Уый Кремлы   пропагандæйы  хай у. Уый  нæу раст.  Никуы нæ фæндыд Гуырдзыстонæн æмæ  йæ æмбæстæгтæн хæст.  Уæ иунæг   хæлар никуы бафæндыд  баластаит уæ хæстмæ.  Нæ  зæрдыл лæууы 2008 азы  хæст. Гуырдзыстон , Украина æмæ Молдовæйæ  фæстиат уый тыххæй нæу, ома цæвиитон ныхкъуырд нæ кæны  Уæрæсейы  æфсадæн Сухумæй, уый фæфæстииат ис  политикон  рæстагдзинады хъуыддæгты   æмæ   расттæрхоны  хæдбарады цухдзинады тызххæй,  хæдбар журналистты  тасы бафтауыны  æмæ  тыхдзинады тыххæй,  ныгуылæйнаг дипломатты, европарламенты  уæнгты  æмæ æмбæстагон   дзырддæйы минæвæртты   ныхмæ  фыдзæрдæдзинады  æвзагæй дзырды тыххæй,   пъæлицæйы  æбуальгъдзинады тыххæй уыцы  адæймæгты  ныхмæ,  кæцытæ архайынц  йæ  ныхмæ слæууын    фæсарæйнаг агентты  закъонопроетæн.  Премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы Будапешты  арызт фидиуæны тыххæй,  ома ЛГБТ  бартæн къухацаразын  у, кæсын цитата –  фылдæртыл  къаддæрдæрты  тыхмидзинады æмиас. Гуырдзыстоны  хицауады хицаугæнæг  партийы Уæрæсемæ гæсгæ мигъджын    позицийы  тыххæй,  кæцыйы бæлвырд кæны  хицауады нæзагъд   æмбынатин уа  Евроцæдисы  санкцитимæ. Афтæма, Уæрæсейы æмæ Гуырдзыстоны æхсæн фæстаг рæстæджы    комкоммæ тахтытæ  сног кæныны тыххæй» – райхъусын кодта Кальюранд.

«Куыд загхтон афтæмæй,    фадæтты рудзынг нырма гом у. Гуырдзыстоны  хицауад æмæ  хицаугæнæг парти  æвзæрст хъуамæ саразæт дыууæ фæндагæй.  Иу фæндаг у Евроцæдисы  фидæнмæ, дыккаг  та  фæстæмæ  ивгъуыдмæ.  Уæ бар уæхи у.  Фидæн  фæлтæрты цæстмæ  политикон бæрн  сымахыл у æвæрд. Æмбарын, цæмæй  Уæрæсеимæ бизнес дзæбæх у æмæ ивгъуыж азы   гуырдзыстоны  æмтгæйон мидпродукты рæзт  тæлмæнгæнæг уыдис, фæлæ Евроцæдисы уæнгдзинад нысан кæны  иумæйаг хæзнатæ,   хæстæ  æмæ уый нæу æрмæст   æмтгæйон мидпродукты  рæзтыл   баст.  Ацы процесс нæ  цух кæны  оппозицийы  бæрн дæр. Бирæ  хатт загътон, цæмæй   фæрæдыд сты, 2019 азы парламентмæ куы нæ бацыдысты.  Сæ  хайад парламентон куысты  æмæ конструктивон   куыст  12 приоритеты  сыххæст, нырмадæр  бындурон у.  Гуырдзыстонæн  ацы органы  бирæ  хæлар ис, политикон   спектры  бирæ  æрдгæй.  Европарламент цæттæ у  баххуыс кæна Гуырдзыстоны парламентæн  политкион поляризацийыл фæтых уа, инклюзивон æмæ  реформистон   бонвæткы сыххæсты»  банысан кодта европарламиентари.