Марина Кальюранд – Æмгуыстад эффективонæй адарддæр кæнын гæнæн ис фæзын уа, кæд æмæ Шарль Мишелы мисси æнтыстджын нæ уыдзæн уæд
Скæсæн партнерад нæ лæууы бæрзонддæрт политикон бонвæткы. Хъыгагæн, хъуыддаг политикон бонвæткмæ куы баххæссы, уæд цыдæр æвзæр æрцæуы. Бакæсут ма, цы æрцыд Белорусы, Уæлхох Карабахы, кризис Гуырдзыстоны – уый фæдыл Евродепутат Марина Кльюранд , Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ фембæлды фæстæ загъта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстонмæ интерес бавæрынæн æмгуыстад адарддæр кæнын гæнæн ис, фæзын уа, кæд æмæ Шарль Мишелы мисси æнтыстджын нæ уыдзæн уæд.
Кальюранд хъусын кæны, цæмæй ацы процесстæ Евроцæди-Гуырдзыстоны фидæнон æмгуыстадмæ æнæмæнгæй бандавдзысты.
«Европаг парламенты номæй ныхас кæнын,æххæсчт сконды нæ фæлæ, мæхи æмæ Хуссар Кавказы номæй. Цы уынæм ам, Европаг парламенты. Скæсæн Партнерад бæрзонддæр политикон бонвæткы нæй. Хъыгагæн хъуыддаг политикон бонвæткмæ куы баххæссы, уæд цыдæр æвзæр æрцæуы. Бакæсут ма, цы æрцыд Белорусы, Уæлхох Карабахы, кризис Гуырдзыстоны æмæ ма ноджы мæ бон у адарддæр кæнын. Ай æппæт хъыгаг у, Европæйы раз тынг бирæ фарстæтæ лæууы. Ковидæй райдайгæ, миграци, терроризм æмæ а.д. Уый тыххæй дызæрдыг кæнын, Европæ гæнæн ис ныфсаст фæуа скæсæн партнерадæй, гæнæн ис ацы инетерс проектмæ фесафа.
Бауырнæт уæ, æз куыд Хуссар Кавказы делегацийы къухдариуæггæнæг, ацы фарст иу бонвæткы кæддæриддæр слæууын кæндзынæн, фæлæ парламенты 705 уæнг ис æмæ Гуырдзыстонмæ интерес бахъахъхъæнынæн æмгуыстад эффективонæй араддæр кæнын гæнæн ис фæзын уа, кæд Шарль Мишелы мисси æнтыстджын нæ уыдзæн уæд. Нæ мæ фæнды, конкретон датæты æмæ процессты ныхас кæнын, фæлæ цæй зæгъын æй хъæуы, ацы процесстæ бандавдзысты Евроцæдис-Гуырдзыстоны фидæнон æмгуыстадмæ» – арйхъусын кодта Марина Кальюранд.