Мария Захарова- Британий нæ 14  марты Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æнæцыты  аххосджын кодта, ныр та - интервенцийы
Мария Захарова- Британий нæ 14 марты Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æнæцыты аххосджын кодта, ныр та - интервенцийы

Стыр Британийы æрдгæй   Уæрæсейы   æрдæм   претензиты  номхыгъд  æнæруромгæйæ  рæзы –  уый фæдыл  Уæрæсейы   фæсарæн хъуыддæгты  министрады  официалон минæвар,   Мария Захарова  Мæскуыйы  уагъд брифингыл загъта.

Захарова  банысан кодта, цæмæй  Британийы  фæсарæн хъуыддæгты  министрады социалон хызагы  14 марты  публикацигонд   видео-зылды мидæг Уæрæсейы   паддзахадон агрессийы аст  факт уыдис ранымад,  æрмæст Стыр бриатнийы  минæварады Уæрæсейы,  акердитацигонд минæвæрттæн бавдыст  æрмæджыты, ныхас цыдис  Уæрæсенйы фыдзæрдæ  архæйдтыты 12  факты фæдыл.

«Æдæппæт 10 бон рацыд.  Бавдыст хабæрттæ  кæрæдзимæ не мбæлынц.  Цæуыл хъуамæ фæныхас кæнæм,  цæуыл æнцой уæм?  Мах ацы аххосæгты   æмæ  зылынгæнæнтæ  абсурдондзинады анализ нæ аразæм – мах ныхас кæнæм  бавдыст информацийы  хъæдыл» –  дзуры Захарова.

Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты   министрады минæварйы дзырдæй,   Стыр Британи зæгъгæ   раивдта  Гуырдзыстоны æрдæм  Уæрæсейы  агрессийы  аххосагы формулирдзинад –  кæд 14 марты  Британийы æддагполитикъон уагдон  Уæрæсейы  Гуырдзыстоны ткерриторион æнæхъæндзинады  æнæцыты  азымджын кодта,  Стыр Британийы  минæварады уагъд презентацийыл, Захаровайы дзырдæй,   Уæрæсейы фæазымджын кодтой Гуырдзыстонмæ интервенцийы.

Захаровайы ныхæстæм гæсгæ,   Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министрады сæрмагонд дисы бафтыдта  Мæскуыйæн  2015 азы  бундестагыл  сæххæст  кибербырсты  бавдыст зылынгæнæн.

«Мах Бундестаг басастам æрмæст иу хатт – 1945 азы, Берлин  нацистон емынæйæ  куы ссæрибар кодтам уæд» –  банысан кодта Мария Захарова.

Уырыссаг рауагъдад «Коммерсанты»  хъусинагæй  22  марты,   уырыссаг  дипломатты  массон   раддæдуар кæныны  онг,  цыппар  бон раздæр, Уæрæсейы, Стыр Британийы  минæварады  фæсарæйнаг минæвæрттæн  бавдыстой  документ,  кæцыйы мидæг ныхас цæуы Гуырдзыстоны  фæдыл  дæр.

Уæрæсейы  АИШ-ы  минæвар  Джон Ханстман куыд дзуры афтæмæй,   растдæр  банысангонд документ  сцырын  кодта  Стыр Британийы  æмцæдисонты,  цæмæй  солидарондзинады нысанæй,   уырыссаг дипломаттæ раддæдуар кодтаиккой.  Презентацийыл куыд загъдæуыд афтæмæй,   Уæрæсе, æнæгуызавæйæ,  зылынджын у  раздæры  уырыссаг агенты  Сергей Скрипалы  фæхъæстæйы хъуыддаджы.

Бавдыст  документы  фæндзæм  фарсыл   æрнымадгонд сты  Уæрæсейы  знагон  архæйдтыты дæнцтæ,  сæ нымæцы  2008 азы  августы  Уæрæсейы интервенци Гуырдзыстонмæ.