Мария Захарова сиды, цæмæй 22-æм июны фæстæ, уырыссаг делегаци цæттæ уыдзæн Стамбулмæ æрцæуынмæ, цæмæй адарддæр кæна бадзырдтæ украинаг фарсимæ
Уæрæсейы делегаци 22-æм июны фæстæ цæттæ уыдзæн Стамбулмæ æрцæуынмæ, цæмæй адарддæр кæной бадзырдтæ украинаг фарсимæ, — загъта Уæрæсейы ФХМ-ы официалон минæвар Мария Хазарова.
Захаровайы ныхасмæ гæсгæ, бадзырдты иннæ туры конкретон датæ тагъд рæстæджы сбæрæг уыдзæн.
“22-æм июны фæстæ нæ делегаци, зæгъын Уæрæсейы Федерацийы делегаци, кæцы фидаргонд æрцыд нæ бæстæйы президенты уынаффæйæ, цæттæ уыдзæн Стамбулмæ бадзырдтæ адарддæр кæныны тыххæй æрцæуынмæ. Бæлвырд датæтæ сбæрæг уыдзысты тагъд рæстæджы æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, фехъусын кæндзысты делегацийы минæвæрттæ æмæ разамонджытæ сæхæдæг”, — загъта Уæрæсейы минæвар сæхæдæг Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад.