Мариам Джишкариани – «Эмпатийы» хатдзæг у ганатий, цæмæй Татунашвилийы марындзинады хъуыддагыл Евротæрхондоны хъаст 99% рамбулдзыстæм
Хъизæмары амæттæгты центр «Эмпатийы» президент МариамДЖишкариани хъусын кæны, цæмæй Арчил Татунашвилийы бинонты номæй, адæймаджы барты Европæйаг тæрхондонмæ хаст æрцыд хъаст Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ, кæцымæ сæйраг бæлвырдгæнæны хуызæй æфтыд у организацийы хатдзæг.
«Хъаст æххæссы Европæйаг Конвенцийы æндæр æмæ æндæр статитæм. 2-æм (Царды бар), 3-æм (Хъизæмары тобæ), 5-æм (Сæрибардзинады æмæ æдасдзинады бар), 8-æм (сæрмагонд æмæ бинонты цардæн цыт) æмæ 13-æм стати (эффективон фæдæвзарæн ъкуылымпы кæнын).
Хъастмæ æфтыд у хатдзæг куыд сæйраг бæлвырдгæнæн афтæ. Ай у комплексон-комисион, тæрхонон, медицинон æмæ психологион экспертизæты хатдзæг, кæцыйы æрцæттæ кодта центр «Эмпатий» æмæ æндæр æмæ æндæр къабæзты 10 эксперты. Хатдзæг бакуыст æрцыд æхсæнадæмон стандарттæм æмбæлгæйæ – Стамбулы æмæ Минесотайы протоколтæ» – райхъусын кодта Джишкариани.
Йæ ныхæстæм гæсгæ фæнысангонд экспертизæ æндæр хтадзæгтæй, уый нымæцы Самхараулийы номыл экспертизæйы хатдзæгæй уымæй хицæн кæны, æмæ дзы уый мидæг хъахъхъæд сты æхсæнадæмон стандарттæ æмæ уый у гаранти, цæмæй хъаст Европæйаг тæрхондоны 99% процентæй Гуырдзыстонæн æнтыстджынæй фæуыдзæн.