Маргот Вальстрьом – «Скæсæн Партнерад» æнцойæвæрд у иумæйаг хæзнатыл æмæ инициативæ хъуамæ баахъаз кæна реформæтæ социалон æмсæрады æрдæм
Швецийы фæсарæн хъуыддæгты министр Маргот Вальстрьом Батумы «Скæсæн Партнерады» конференцийы хайады тыххæй социалон хызаг «Твиттеры» фыссы.
«Амæйразмæ æртахттæн Гуырдзыстонмæ, аив Батуммæ, Евроцæдисы «Скæсæн партнерады» конференцйы хайад райсынмæ.
Мæ сæйраг æрвитæггаг у, – «Скæсæн Партнерад» æнцоæвæрд у иумæйаг хæзнатыл æмæ инициативæ хъуамæ баахъаз кæна реформæтæ социалон æмсæрады æрдæм, æмбæстæгты хайадæй» – хъусын кæны Вальстрьом.
Батумы 11-12 июлы бæрзонд рангы æхсæнадæмон конференци «Аргъджын партнерады 10 аз – рацæугæ фæндаг æмæ перспективæтæ» ацæудзæн. Конференци «Скæсæн партнерады» 10 азы сæрмæ нывонд у.