Робин Данниган – Стыр хъалдзинадæй мæ фæнды банысан кæнын реформæтæ, кæцытæ ныридæгæн сыххæст сты Гуырдзыстоны пенитенцион системæйы
Робин Данниган – Стыр хъалдзинадæй мæ фæнды банысан кæнын реформæтæ, кæцытæ ныридæгæн сыххæст сты Гуырдзыстоны пенитенцион системæйы

Æртæ къуырийы размæ  æрцыдтæн Гуырдзыстонмæ, бирæ  партнеримæ фембæлдтæн  æмæ  ацы фембæлдты рæстæджы  бирæ хатт банысан кодтон  нæ минæварады нысан,  цæмæй  адарддæр кæнæм  партнерад Гуырдзыстонимæ – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Америкаæйы Иугонд Штатты  минæвар Робин Данниган  райхъусын кодта.

Минæвар дзырдæй ралæууыд   конференцийыл «тæрхонмæ лæвæрдты æмæ  пробационерты реабилитацийы æмæ ресоциализацийы процессы уæвæг  инновацитæ».

«Стыр хъалдзинадæй мæ фæнды банысан кæнын реформæтæ, кæцы  нырид  уагъд сты  Гуырдзытсоны пенитенцион системæйы, уый у, сæ нымæцы технологион æрдгæй.  Цытджын министр сымах банысан кодтат  адæймагыл ориентацигонд  ахаст æмæ хъуыддаг раст уый мидæг ис. Æндæр æмæ æндæр æрдæмад, пробационертæн, кæцытæн рæувадат  у  æндæр æмæ æндæр  сервистæ, афтæма  фембæлдтæ, видео-фембæлдтæ, кæцыты рæстæджы ахæсттæн ис фадат, фæныхас кæнын æмæ фембæлдтæ сын уа  бинонты уæнгтимæ.  Иттæг нысаниуæгджын  сты  сæ хъæуындзинæдты  бамбарын, идентификаци скæнын» – райхъусын кодта минæвар.

Афтæма йæ  дзырдæй,  АИШ  адарддæр кæндзæн Гуырдзыстонæн æххуыс кæнын, сæрмгаондæй та  сылгоймаг  профессионалты стынг  кæныны æрдгæй.

«Ацы конференци  иттæг нысаниуæгджын у мазæн, афтæма Гуырдзыстонæн, цæмæй  банысан  кæнæм расидтытæ, кæцы ис  æмæ банысан кæнæм уыцы реформæтæ, кæцытæ уыдысты уагъд.  Уый у  стыр фадат  цæмæй кæрæдзийæн  базонын кæнæм  нæ фæлтæрддзинад, зонындзинад æмæ иумæ æрывæрæм бындур  фидар системæйæн, кæцы уыдзæн адæймагыл, йæ бартыл ориентацигонд. Ацы конференци у размæ  къахдзæф»- райхъусын кодта минæвар.