Павел Герчински  -  Гуырдзыстон æнæиухатт  равдыста фæндон, цас нысаниуæнгджын у прогресс, расттæрхоны æмæ пробацийы системæйы фæхуыздæр, социалон сервисты уæвынад
Павел Герчински - Гуырдзыстон æнæиухатт равдыста фæндон, цас нысаниуæнгджын у прогресс, расттæрхоны æмæ пробацийы системæйы фæхуыздæр, социалон сервисты уæвынад

Абоны мадзал  у фантастикон  фадат цæмæй  раргом кæнæм уыцы  прогресс, кæцымæ æрцыд Гуырдзыстон  тугтæрхоны барады  расттæрхоны æрдгæй, фантастикон  фадат у, кæрæдзийæн  фæхай кæнæм информаци  æмæ фæныхас кæнæм  фадæттыл – уый фæдыл  Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Герчински  райхъусын кодта.

Павел Герчински  конференцийыл  «тæрхонмæ лæвæрдты æмæ  пробационерты реабилитацийы æмæ ресоциализацийы процессы уæвæг  инновацитæ» дзырдæй ралæуды рæстæджы  куыд  райхъусын кодта афтæмæй,  Гуырдзыстоны  зæгъгæ  тынг бирæ  реформæ сыххæст ис.

«Гуырдзыстон æнæиухатт равдыста уый фæндон, цææмй цас  нысаниуæгджын у прогресс, цас  нысаниуæгджын у расттæрхоны, пробацийы системæйы, социалон  сервисты  уæвынад, фæхуыздæр, куыд  пробацийы, афтæ  æфхæрдæххæстгæнæн уагдæтты. Уый у  бындур, ресоциализацийы, реабилитацийы æмæ   æфхæрды  аккаг  уавæрты  арвитыны  æрдгæй  æлхынцъаг практикæ.   Мах хъуамæ  адарддæр кæнæм   кусын ацы æрдæмадæй, ма  хъуамæ уа  урæд  куыст уымæн цæмæй  уæвæг,  баззагæ  расидтытæ  æмæ  проблемæтæ иумæ алыг кæнæм, цæмæй  бантыса  ахстæй æфхæрды бæрæггæнæны фæкъаддæр Гуырдзыстоны æмæ уа  æнæхастæй æфхæрдæй архайыны  фылдæр  практикæ, уымæн  æмæ Гуырдзыстон у  лидер æмæ  фондз бæстæйы нымæцы, кæцы бæстæты  ахстæй æфхæрды практикæйы бæрæггæнæн у сеппæтæй  бæрзонддæр. Уымæ æмбæлгæйæ, ныфс дарын, цæмæй  пробацийы  системæ стынг уыдзæн, цæмæй  Евроцæдисы  стандарттæ æххæстаргъджынæй  æрфидар уа.  Евроцæдисы  минæварад  адарддæр кæндзæн æххуыс кæнын Гуырдзыстоны æфхæрдæххæстгæнæн системæйы ратйынг кæныны.  Мах иумæ, иумæйаг тыхтæй  сараздзыстæм  гармонизацигонд системæ  æмæ  уымæ æмбæлгæйæ дæр  æнæниз æмæ  æнтыстджын дзыллæ» – райхъусын кодта минæвар.