Ираклий Гъарибашвили – афон у иугонд тыхтæй бакой кæнæм нæ планетæйы фидæныл
ИНО-йы климаты ивды фæдыл 27-æм конференци дзæбæх платформæ у климаты ивды фæдыл цæугæ диалогмæ интересджын зылдты æмæ фарсыты бафтауынæн – уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили социалон хызаг «Твиттеры» фыссы.
Хицауады сæрдар, Египеты президентæн конференцийы фысымдзинады тыххæй арфæ кæны.
«Æхсызгон мын у, Шарм-Эль-Шейхы ИНО-йы климаты ивды фæдыл 27-æм конференцийы байгомы сессийæ. Арфæгæнæг дæн Египеты президентæй, Абдул-Фатах Ал-Сисы мадзалы фысымдзинадæн. Ацы конференци тынг дзæбæх платформæ у климаты ивды фæдыл цæугæ диалогмæ интересджын зылдты æмæ фарсыты бафтауынæн. Афон у, иугонд тыхтæй сифтонг кæнæм неæ планетæйы фидæн!» – фыссы Ираклий Гъарибашвили.
Delighted to attend the opening ceremony of @COP27P in 🇪🇬. Grateful to @AlsisiOfficial for hosting #COP27 offering an excellent platform for multiple stakeholders to engage in dialogue on climate change. The time has come for unified actions to secure the future of our planet! pic.twitter.com/OfaLkxjZiG
— Irakli Garibashvili (@GharibashviliGe) November 7, 2022