Клаудиа Ротт -  нæ мæ фæнды Гуырдзыстоны раз дуар æрыхгæнæм æмæ  зæгъæм, цæмæй  ассоциацидзинад зæгъгæ æгъгъæд у, бадзырды  æххæстæй  имплементаци у фæндаг Евроцæдисмæ
Клаудиа Ротт - нæ мæ фæнды Гуырдзыстоны раз дуар æрыхгæнæм æмæ зæгъæм, цæмæй ассоциацидзинад зæгъгæ æгъгъæд у, бадзырды æххæстæй имплементаци у фæндаг Евроцæдисмæ

Гуырдзыстонæн  сегасæй нысаниуæгджын дæр  у, цæмæй  уый  иунæг нæу- уый тыххæй  Батумы журналисттæн   загъта  Германийы бундестагы  вице-спикер, Клаудиа Ротт, кæцы «Скæсæн партнерады» 10 азы  сæрмæ нывонд  конференцийы  исы хайад.

«Ай  тынг нысаниуæгджын конференци у, уымæн æмæ Дунейы  ситуаци  змæст у,  афтæ  уæ  регионы дæр.  Уый тыххæй Гуырдзыстоны сегасæй  нысаниуæгджын  сигнал  уый  у æмæ Гуырдзыстон иунæг  нæу.  Æз знон фембæлдтæн  тыхыбын бынативгæ  уæнгтимæ, кæцытæ лæууынц  дихгæнæг  æмббонды  цур æмæ кæсынц  ацы  уырыссаг  инфраструктурæмæ.  Æцæг уын зæгхон  дежавюйы  хуызæн  æнъкарæн мæм уыд. Сæрмагонд  бæрн рахатыдтæн,  цæмæй æнæмæнгхъæугæ у   Гуырдзыстонæн фарс рахæцын.  Ма хъуамæ рох кæнæм  реалондзинад, кæцы  Гуырдзыстоны ис,  ай нысан кæны уый æмæ  бæстæйы 20 процент  оккупацигонд сты. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, фæстаг  азты мидæг  тынг хъусæй  уыдыстæм, фактонæй   Гуырдзыстон ферох кодтам  Мах ныхас кæнæм Украинайы  тыххæй  кæцы тынг дзæбæх у фæлæ  аууæлттыл,  бадзырдтыл,  ассоциацидзинадыл æмæ демократийы  куы нахзас  кæнæм  уый  æппæт  нысаниуæгджын у, фæлæ  ма хъуамæ рох кæнæм Гуырдзыстоны 20 процент оккупацигонд кæй  сты» – райхъусын кодта Ротт.

Бундестагы  вице-спикер  историйы тыххæй   Уæрæсейы президенты  Владимир Путины  цалдæр боны размæйон фидиуæны æрдæм раздæхта хъусдард.

«Владимир Путин  цалдæр боны размæ  ныхас кодта  историйы тыххæй.   Хорз зæгъгæ  æркæсæм историмæ – 1991  азы  сбæлвырд сты  арæнтæ.  Путин уый хъуамæ хъуыды кæнид. Дыккаг –  мах хъуамæ уæм  фылдæр активон, хъуамæ  кæрæдзиимæ ссиу кæнæм   фæсивæд. Æвзонгтæ уынгтæм рахизынц Германийы æмæ Европæйы дæр,  хуыздæр фидæны тыххæй.  Тох кæнынц   æрдзы  тыххæй,  климаты  тыххæй. Фæнды сæ  демократи æмæ сæрибардзинад. Уый тыххæй  хъæуы фылдæр  кусын иумæ. Уый æнæ æрмæст Гуырдзыстоны фæлæ  ма Евроцæдисы  ентерестæм дæр цæуы» –  райхъусын кодта РОтт.

Бундестагы  витце-спикеры дзырдæй,  Гуырдзыстоны  Евроцæдисимæ  ассоциацидзинады  бадзырды æххæст имплементаци у  фæндаг евроцæдисы æрдæм.

«Ассоциацидзинады бадзырд  Гуырдзыстонимæ нæу  кæронбæттæн нысан æмæ ацы бадзырды  æххæст имплементаци  у фæндаг Евроцæдисмæ.   Нæм æ фæнды  цæмæй  Гуырдзыстоны раз   дуар æрыхгæнæм æмæ  зæгъæм, цæмæй  ассоциацидзинад зæгъгæ æгъгъæд у.  Перспективæ  хъуамæ уа, фæлæ  бадзырды  æххæстæй  имплементаци æнæмæнгхъæугæ у.  Гуырдзыстон у хид Азербайджан æмæ  Сомихыстоны æхсæн,   сымах  сæ  иу кæнут  ам  Гуырдзыстоны.   Сымах стут хид Азийы æмæ Европæйы  æхсæн  æмæ  æз  æххæстæй йæ фарс  хæцын уæ фæндагæйн Евроцæдисы æрдæм» –  райхъусын кодта Бундестагы вице-спикер Клаудиа Ротт.