Мамука Бахтадзе фембæлд  Турчы Республикæйы  сæрмагонд æмæ æххæстаргъджын минæваримæ
Мамука Бахтадзе фембæлд Турчы Республикæйы сæрмагонд æмæ æххæстаргъджын минæваримæ

Финансты министр  Мамука Бахтадзе фембæлд  Турчы Республикæйы  сæрмагонд æмæ æххæстаргъджын минæваримæ  Гуырдзыстоны Фатма Джерен Йазганимæ.

Финансты министрады информацийæ,   фæрстæ æркастысты  дыууæ  бæстæйы æхсæн  базарадон-экономикон    ахастыты фæактивонкæныны, æдас базарады  баахъаз кæнынæн  таможнæты сферæйы  æмкуысткæнынады фарстытæ.

Финансты министрад   уагъд фембæлдыл  ныхас баххæссыд  цæугæ азы марты мæйы,  Турк-Гуырдзыстоны  иумæйаг   экономикон æмæ   базарадон камисы (JETCO)-ы  фыццаг фембæлды  æмæ фæнысангонд  фембæлды фæлгæтты, Турк-Гуырдзыстоны   бизнес-форумы  организацидзинады фарстытæм.

Финансты министр разагъдта цæттæдзинад   максималонæй  баахъаз кæна   фæнысангонд  форумы бæрзонд æмвæзадыл  саразын  æмæ ныфс  равдыста, ома  уый  ахъаз уыдзæн  Гуырдзыстон æмæ турчы æхсæн  дыууæфарсон  экономикон   ахастыты  райтынгæн.

Фæнысангонд  мадзалы  ауадзыны   фæдыл   скуыддзаг фæрстæ райстой  2017 азы   майы  Турк-Гуырдзыстоны  иуылбæрзонд  æмвæзыл  стратегион æмкуысткæнынады  фембæлды рæстæджы  къухбафыст  декларацийы  бындурыл.