Мамука Бахтадзе - Баку-Тбилис-Хъарсы проект махæн стратегион нысаниуæгджын проект у æмæ иугæнæг  станцæ, растдæр  Гуырдзыстоны  территорийыл уыдзæн
Мамука Бахтадзе - Баку-Тбилис-Хъарсы проект махæн стратегион нысаниуæгджын проект у æмæ иугæнæг станцæ, растдæр Гуырдзыстоны территорийыл уыдзæн

Баку-Тбилис-Хъарсы   проект  махæн  стратегион нысаниуæгджын у – уый тыххæй   Гуырдзыстоны премьер-министр  Мамука Бахтадзе райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,    проекты  инженерон   уынаффæмæ  гæсгæ,   фæнысангонд  æфсæнвæндагон  хаххы   иугæнæг   станцæ,  растдæр Гуырдзыстоны   территорийыл  Ахалкалакы ис.

«Ай у тсратегион   нысаниуæгы  проект махæн  æмæ ис  æртæ бæстæйы æхсæн къухæфæрд  бадзырд,  кæцыйы  конкретонæй  бæрæг сты   принциптæ,   кæцытæй æххæст цæуы  ацы  проект.  Куыстыты  фылдæр хай  фæудгонд сты æмæ   мах   æнæмæнгæй  кæронмæ бакæндзыстæм   проект уыцы  инженерон уынаффæйæ,  кæцы  ис.  Ацы  уынаффæмæ  гæсгæ,    иугæнæг станцæ  ис  растдæр Гуырдзыстоны  территорийыл  – Ахалкалакы» –   райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.

Цыдæриддæр та  Анкъарайы   уагъд фембæлдмæ æххæссы,  цы ран Уæрæсейы, турчы æмæ  Азербайджаны   æфсæнвæндагон   компаниты    къухдариуæггæнджытæ   меморандум бафыстой,  премьеры  дзырдæй,   зæгъгæ бæрæг куыд у афтæмæй,  фæнысангонд фембæлд  уыд  æндæр   ракурсджын,  уымæн  æмæ  Гуырдзыстоны, Турчы, Азербайджаны  æхсæн   бадзырдмæ гæсгæ,   æрмæст  алы  фарсы   разыдзинады  цауы ис гæнæн   проектмæ  æндæр   хъазæг баиу уа.

«Анкарайы  цы  фембæлд ацыд, уый у  бынтон   æндæр ракурсы  фембæлд, бæрæг куыд у афтæмæй,    уый тыххæй  цæмй æртæ бæстæйы æхсæн   къухæвæрд   бадзырдмæ  гæсгæ,   æрмæст   алы  бæстæйы   разыдзинады   цауы ис  гæнæн,  проектмæ  баиу  уа  кæцыфæнды хъазæг. Растдæр Гуырдзыстоны  территорийыл уыдзæн   иугæнæг   станцæ,    цы ран  æрцæудзæн а.х. Европаг стандартты  æфсæнвæндаджы  баиу кæнын  мах стандарты æфсæнвæндагмæ  æмæ уый  æрцæудзæн растдæр Ахалкалакы.  Ницы  æндæр вариант нæ кастæуы» – загъта Мамука Бахтадзе.