Ильхам Алиев – ныфс мæ ис, фидæн азы   фæуыдзыстæм  Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндаджы Гуырдзыстоны  уæвæг   фадыгы уæрæх кæнын
Ильхам Алиев – ныфс мæ ис, фидæн азы фæуыдзыстæм Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндаджы Гуырдзыстоны уæвæг фадыгы уæрæх кæнын

Ныфс мф ис  ифидæн азы фæуыдзыстæм  Баку-Тбилис-Хъарсы æфсæнвæндаджы Гуырдзыстоны уæвæг   фадыгы   ауæрæх кæнын, – уый фæдыл  фидиуæг, Азербайджаны   президент, Ильхам Алиев  Берлины  раздзог  немыцаг  компаниты  къухдариуæггæнджытимæ  фембæлдыл  сарызта.

«Азербайджан   ацы тæккæ инвестицитæ æвæры  Баку-Тбилис-Хъарсы  иуæй-иу  уынгæг фадыгы  ауæрæхы, –  уый у  Гуырдзыстоны уæвæг  фадыг.  Фæстиуæгæн,  уæзты  змæлд ауæрæхдæр уыдзæн  иу  милуан  тоннæйæ фондз филуан тоннæйы онг. Уæлæмхас  инвестици Азербайджаны æрдгæй  у  120  милуан  доллары бæрц . Ныфс мæ ис,  ацы куыстытæ  фидæн азы фæуыдзыстæм», – райхъусын кодта Азербайджаны  президент.

Алиевы дзырдæй, зæгъгæ   Азербайджан афтæдæр   кусы  транспорты  инфраструктурæйы æмæ таможнæты системæты   интеграцийыл.

«Цалдæр бонмæ  Бакумæ æрцæудзæн  Дунейы  таможнæты  цæдисы организацийы  директор  æмæ иуæй-иу фарста,  кæцыйы æркæсдзыстæм у уый, цæмæй  куыд йæ  бон у  Дунейы  таможнæты цæдисы  организацийæн баххуыс нын кæна, цæмæй  координаци скæнæм   Централон Азийы, Азербайджаны, Гуырдзыстон æмæ Турчы  æхсæн. Цæмæй нын  Интегриргонд маршрут уа,   æнæмæнгхъæугæ у  иугонд ахаст тарифты æрдгæй.   Иу бæстæ, дæнцæн, Азербайджан  куы фæкаддæр кæна  тариф æмæ  иннæ  та  нæйы, кæнæ та йæ фæзынаргъ кæна, уæд   ацы  системæ нæ  кусдзæн». – райхъусын кодта Алиев.