«Макдоналдс» йæ  куыст уромы  Уæрæсейы  æмæ 850 сæрмагонд ресторантæ æхгæны
«Макдоналдс» йæ куыст уромы Уæрæсейы æмæ 850 сæрмагонд ресторантæ æхгæны

«Макдоналдс» йæ  куыст уромы  Уæрæсейы  æмæ  йæ ресторантæ  иууылдæр,  рæстæгмæ æрыхгæндзæн. Компанийæн Уæрæсейы ис 850 ресторан.

«Конфликт Украинайы æмæ гуманитарон   кризис Европæйы  æрымысæн кæмæн нæй  ахæм фыдæбон хæссы  æнаххос  адæймæгтæн. Иу кæнæм  æнæхъæн дунемæ  агрексси æмæ   тыхмидзинады   фауыны  æмæ   кувæм   сабырдзинадæн»  дзырдæуы  «Макдоналдсы»  æххæстгæнæг директор Крис Кемпчинскийы  фидиуæны.

Компанийы  фидиуæнæй, Уæрæсейы   «Макдоналдсы»  кусджытæн  мызд фидын адарддæр кæндзысты.  Æмтгæй  райсгæйæ   Уæрæсейы  цырд хæрæндоны  компанийы   кусынц 62 мин адæймаг.