Мака Бочъоришвилийы официалон визит Азербайджанмæ райдыдта
Мака Бочъоришвилийы официалон визит Азербайджанмæ райдыдта

Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвилийы официалон визит Азербайджанмæ райдыдта. Визиты фæлгæтты фæсарæн хъуыддæгты министр Азербайджаны националон лидер Гейдар Алиевы æмæ йæ бинойнаг Зарифа Алиевайы номарæн кад сарæзта. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.

Сæ ныхасмæ гæсгæ, Бочъоришвили Мака Æнусон арты мемориалмæ хъизæмаргæнджыты аллеяйы венок сæвæрдта.

Мака Бочъоришвили Азербайджаны республикæмæ фæсарæн хъуыддæгты министры бынатæй фыццаг официалон визитæй æрцыд. Визиты фæлгæтты, Бочъоришвили Азербайджаны республикæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Джейхун Байрамовимæ фембæлд ауадздзæн куыд лæгæй-лæгмæ, афтæ дæр рауæрæхгонд форматы. Фембæлды фæстæ дыууæ бæстæйы æттаг хъуыдтæгты министрты иумæйаг пресс-конференци сырæздзæн.