Мака Бочъоришвили - «Украинаг фарсимæ абоны фембæлды рæстæджы афтæдæр ныхас цыд бæстæты æхсæн дипломативон ахастытыл æмæ минæвæртты фарстайыл дæр
«Европолитикон æмæхсæнады саммитыл уыд ныхас мæ украинаг коллегæимæ, Украинайы президентимæ, кæцыйы рæстæджы фæныхас кодтам нæ бæстæты æхсæн ахастытыл, се æхсæн уыцы æртхъирæнтæ, кæцытæ се ‘хсæн ис» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Ереваны гуырдзиаг журналисттимæ ныхасы рæстæджы.
Министры ныхасмæ гæсгæ, Андрий Сыбига æмæ Владимир Зеленскийимæ дискусси аххæссыд куыд бæстæты æхсæн абоны, афтæ дæр фидæны ахастытыл.
“Мах æруынаффæ кодтам дыууæ бæстæйы æхсæн æмкуысткæнынад рæзын кæныны нысаниуæгыл. Гуырдзыстон кæддæриддæр хъахъхъæдта æнæфæцудгæ æмæ фидар позици Украинæйы æмæ йæ фарсылхæцындзинады фæдыл. Махæн нысаниуæгджын у, цæмæй фенæм ахæм ахаст украинаг фарсы æрдыгæй дæр”, – банысан кодта Бочъоришвили.
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр банысан кодта, цæмæй украинаг фарсимæ фембæлд развæлгъау плангонд нæ уыд.
“Фембӕлд развӕлгъау нысангонд нӕ уыд. Уый ацыд ацы форматы украинаг фарсы хъӕппӕрисӕй ӕмӕ ахаста цалдӕр минуты. Фӕлӕ уӕддӕр нӕ бон баци дыууӕ бӕстӕйы ӕхсӕн ахсджиаг фарстытӕ аскъуыддзаг кӕнын”, — загъта уый. Уымæй дарддæр ма, Мака Бочъоришвилийы ныхасмæ гæсгæ, фембæлды рæстæджы бæстæты æхсæн дипломативон æмахастыты фарста дæр бакастысты.
“Мах æруынаффæ кодтам дипломатон ахастытыл, уыцы нымæцы ацы бæстæты минæвæртты уæвынадыл. Фендзыстæм. Ацы рæстæджы дæргъы Гуырдзыстонæн уыд бæлвырд позици æмæ ахаст Украинæйы æрдæм, кæцы мах бирæ хæттыты равдыстам æхсæнадæмон форматты, кæмдæриддæр гæнæн ис, уым. Ахсджиаг у, цæмæй ахастытæ бындуриуæг кæной кæрæдзийæн аргъ кæныныл. Санкциты фæдыл, ацы фарстыл ныхас нæ цыд министры.