Мака Бочъоришвили ИАЭ-йы фæсарæн хъуыддæгты паддзахадон министримæ фембæлд
Мака Бочъоришвили ИАЭ-йы фæсарæн хъуыддæгты паддзахадон министримæ фембæлд

Гуырдзыстоны премьер-министры хæдивæг æмæ фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили 30-æм апрелы ИАЭ-йы фæсарæн хъуыддæгты паддзахадон министр Саид бин Мубарак Аль Хаджериимæ фембæлд.

Æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, ныхас цыд дыууæ бæстæйы æхсæн хæларадон ахастытыл æмæ æндæр æмæ æндæр къабæзты æнгом æмгуыстадыл.

Бæрæггонд æрцыд бæрзонд æмвæзады визитты позитивон динамикæ. Афтæ дæр банысан кодтой цæугæ æмæ плангонд инвестицион проектты нысаниуæг Гуырдзыстоны.

Фарсытæ Æввахс Скæсæны уæвæг цаутыл æмæ Хуссар Кавказы регионы контексты Гуырдзыстонимæ партнердзинадыл фæныхас кодтой.

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны ис фыст, цæмæй уæвæг æмкуысткæнынад ноджы фæкарздæр кæныны хæслæвæрд уыд.