Мака Бочъоришвили – Вашингтоны арæзт расидæнтæ сты нæ хицауады позициты банымад
Иумæйагæй зæгъын хъæуы уый, цæмæй абон Вашингтоны арæзт расидæнтæ æмæ къахдзæфтæ сты уыцы фактты æмæ позициты адарддæр кæнæ банымад, кæцытты тыххæй тынг бирæ рæстæг хъæр кодтам, – уый фæдыл фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили журналисттимæ ныхас кæнгæйæ, АИШ-ы æрдыгæй фæсарæйнаг финанскæнынад æрурæды фæдыл райсгæ уынаффæйы тыххæй ныхасы рæстæджы.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, АИШ-ы хицауады æскъуыддзаг баст у фæсарæйнаг бæстæты æрдыгæй финансирдзинадимæ, се æхсæн æндæр æмæ æндæр бæстæты мидполитикæйы донорон фæрæзтæй раст кæнæ æнæраст спайда кæныны фарста.
«Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, ныхас кодтам нæхи бæстæйы тыххæй, негативон ролы тыххæй, кæцы æндæр æмæ æндæр донортæ æххæст кодтой Гуырдзыстоны æмæ абон мах ныридæгæн уынæм, цæмæй уыцы иу фарстатыл тынг активонæй ныхас кæнынц Вашингтоны, æмæ æрмæст ныхас нæ фæлæ конкретон уынаффæтæ ист цæуынц», – банысан кодта министр.