Мака Бочъоришвили – Дунейы хицауады саммит у иттæг хорз платформæ, цæмæй махæн уа диалог партнер бæстæтимæ, боны фæткы сты Гуырдзыстонæн нысаниуæгджын фарстатæ
Дунейы хицауады саммит у иттæг хорз платформæ партнер бæстæтимæ диалогæн, – уый фæдыл фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Иугонд Араббаг Эмиратты расидтис, цы ран премьер-министр Ираклий Къобахидзе делегацийы сконды ис.
Гуырдзыстоны хицауады сæрдар Дунейы хицауады саммиты хайад райсдзæн, кæцы Араббаг Иугонд Эмираттæ Дубайы 11-13 февралы уадзы.
«Ацы фембæлдты хайад исынц дзæвгар бæрзонд рангы минæварон делегацитæ æмæ нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстон хайад райса æмæ йæ хъæлæс айхъуыса ацы саммиты фæлгæтты, афтæ дæр ауадзой дывæрсыг фембæлдтæ æндæр æмæ æндæр бæстæты минæвæрттимæ æмæ бæрзонд рангы делегацитимæ. «Кæй зæгъын æй хъæуы, акцент сæйраджыдæр ис экономикон темæтыл, фæлæ саммиты æрмæст экономикон темæты фæныхас нæу, йæ боны фæткмæ хауынц иттæг нысаниуæгджын фарстатæ, кæцытæ актуалон сты Гуырдзыстонæн дæр, куыд экономикон, афтæ æндæр æмæ æндæр бæстæтимæ дывæрсыг ахастыты иумæйаг рæзынады æрдгæй дæр», – райхъусын кодта Мака Бочъоришвили.