Мака Бочъоришвили – Азербайджанимæ стратегион партнерад Гуырдзыстонæн нысаниуæгджын у, дыууæ бæстæйы æхсæн боны фæтк тынг интенсивон æмæ цымыдисон у
Мака Бочъоришвили – Азербайджанимæ стратегион партнерад Гуырдзыстонæн нысаниуæгджын у, дыууæ бæстæйы æхсæн боны фæтк тынг интенсивон æмæ цымыдисон у

Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн стратегион партнерады фæстæ лæууы азербайджайнаг æмæ гуырдзиаг адæмы æхсæн фидар хæлардзинад. Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн партнердзинад тынг интенсивон у – уый фæдыл Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Бакуйы йæ азербайджайнаг коллегæ Джейхун Байрамовимæ иумæйаг пресс-конференцийыл расидтис.

Бочоришвилийы ныхасмæ гæсгæ, дыууæ бæстæйы æхсæн боны фæтк тынг интенсивон æмæ цымыдисон у.

Мака Бочъоришвили Азербайджаны республикæйы фæсарæн хъуыддæгты министр Джейхун Байрамовы Гуырдзыстонмæ фæхуыдта.

«Æцæгæйдæр æхсызгон у зæгъын, цæмæй Азербайджан Гуырдзыстонæн фондз сæйраг экономикон партнеры æхсæн ис, тынг нысаниуæгджын партнер у». Ныфс мæ ис, цæмæй нæ бæстæты æхсæн экономикон æмкуыстдзинад ноджы фæкарздæр уыдзæн, кæцы ноджы фылдæр ахъаз уыдзæн Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны регионы хуыздæр позиционирдзинадæн.

Мах, кæй зæгъын æй хъæуы, фæныхас кодтам уыцы нысаниуæгджын проекттыл, кæцытæ куыд Гуырдзыстон, афтæ Азербайджан дæр азты дæргъы реализаци кæнынц, кæцытæ нысаниуæгджын сты æрмæст дыууæ бæстæйæн нæ фæлæ ма æнæхъæн регионæн дæр. «Ацы историон проекттæ, кæцытæ ацы рæстæгмæ кусынц дыууæ бæстæйы æхсæн, гæнæн ис æрмæстдæр лæггад кæной дарддæры, ноджы нысаниуæгджындæр проектты реализацийы бындурæн», – райхъусын кодта Мака Бочъоришвили.