Мæскуыйы тæрхондон, «Экстремизмы» мотивæй, Урæсейы, «Фейсбук» æмæ «Инстаграммы» куыстыл тобæ сæвæрдта
Мæскуыйы Тверскойы тæрхондон Уæрæсейы социалон хызæгтæ –«Фейсбукы» æмæ «Инстаграммы» куыст ыл тобæ сæвæрдта. Уый фæдыл хъусын кæны уырыссаг медиа.
Уæвæг информацийæ, тæрхондоны ист уынаффæ æнæаргъæвгæйæ хъуамæ сыххæст уа. Фæнысангонд социалон хызæгты хицау компани «Мета»-ы экстремистоныл банымады фæдыл хъаст генералон прокуратурæ бахаста. Прокуратурæйы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, уыдон уырыссæгты бахъхъхъæд архайынц сæ барты дарддæры хæлд маруадзынæн.
Прокуррорты дзырдæй, экстремистон информаци æртхъирæн кæны куыд индивидтæм, афтæ æнæхъæнæй дзыллæйæн, æмæ компани фехæлдта сæрмагонд уагæвæрд уырыссаг æфсæддæтты цæгъдыны фæдыл сидтытæ публикаци куы скодта уæд.
Уæлæмхасæй хаххгонд у, цæмæй тæрхондоны уынаффæ не ххæссы «Вотспапп» месенджермæ, кæцы афтæдæр у «Мета»-йы сæрмагонд.