Мæскуыйы  тæрхондон, «Экстремизмы» мотивæй, Урæсейы, «Фейсбук» æмæ «Инстаграммы» куыстыл тобæ  сæвæрдта
Мæскуыйы тæрхондон, «Экстремизмы» мотивæй, Урæсейы, «Фейсбук» æмæ «Инстаграммы» куыстыл тобæ сæвæрдта

Мæскуыйы   Тверскойы  тæрхондон Уæрæсейы   социалон хызæгтæ –«Фейсбукы»  æмæ «Инстаграммы» куыст ыл тобæ сæвæрдта. Уый фæдыл  хъусын кæны уырыссаг медиа.

Уæвæг информацийæ,  тæрхондоны ист  уынаффæ  æнæаргъæвгæйæ  хъуамæ  сыххæст уа.   Фæнысангонд социалон хызæгты  хицау  компани «Мета»-ы   экстремистоныл банымады  фæдыл  хъаст генералон   прокуратурæ   бахаста.  Прокуратурæйы æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ,   уыдон уырыссæгты  бахъхъхъæд архайынц сæ барты  дарддæры  хæлд маруадзынæн.

Прокуррорты дзырдæй,   экстремистон  информаци  æртхъирæн  кæны куыд  индивидтæм, афтæ æнæхъæнæй  дзыллæйæн, æмæ   компани  фехæлдта  сæрмагонд  уагæвæрд  уырыссаг æфсæддæтты   цæгъдыны фæдыл  сидтытæ публикаци куы скодта уæд.

Уæлæмхасæй  хаххгонд у, цæмæй  тæрхондоны уынаффæ не ххæссы «Вотспапп» месенджермæ, кæцы афтæдæр у  «Мета»-йы  сæрмагонд.