Мидхъуыддæгты министрад, Мæскуыйы проспектыл спецоперацийы фæдыл информацийы фехъусын кодта Фыццаг Каналæн. МХМ-ы информацийы куыд у банысангонд афтæмæй, Мæскуыйы проспектыл уагъд фæдагурæг мадзæттæ баст сты лæбурды æмæ стъыгъды фактимæ, кæцыйы фæдыл, райдыдта фæдагуырд тугтæрхоны барады кодексы 18-179-æм статийæ.
МХМ-ы информаимæ гæсгæ, фæдагуырды фæлгæтты цæуы 6 уæнгы æрфарст.
«Мидхъуыддæгты министрады, стъыгъды æрцæттæйы фактыл (стати 18-179) цæугæ фæдагуырды фæлгæтты, полици аразы 6 уæнгы æрфарст « хъусын кæнынц МХМ-ы.
Уагдоны хъусинагæй, хъуыддагмæ гæсгæ, цæуынц дарддæры фæдæвзарæн мадзæлттæ» – дзырдæуы мидхъуыддæгты министрады ахæлиугонд информацийы.