Ллойд Остин – Украинайæн  дæтдзыстæм   алы æххуыс цы  йын баныфсвæрдтам, нæ иуы  дæр нæ фæнды ахæм дунейы цæрын, кæцыйы  авторкаттæн  сæ бон уыдзæн сабыр сыхæгтæм бырсын
Ллойд Остин – Украинайæн дæтдзыстæм алы æххуыс цы йын баныфсвæрдтам, нæ иуы дæр нæ фæнды ахæм дунейы цæрын, кæцыйы авторкаттæн сæ бон уыдзæн сабыр сыхæгтæм бырсын

АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдар Ллойд Остины  фидиуæнæй,   Германи, Польшæ, Канадæ, Португали, Испани, норвеги, Дани æмæ Нидерландтæ иумæйагæй кусынц  «Leopard 2»-ы  хæцæн   танкты  Украинайæн   алæвæрдыл.  Уый  фæдыл  Ллойд Остин  Брюсселы, НАТО-йы   хъахъхъæнынады  министериалыл уæвгæйæ  райхъусын кодта.

Афтæма йæ дзырдæй,   зæгъгæ  никæй  фæнды  ахæм дунейы  цæрын, цы  ран автократтæн  сæ бон у,  ныббырсын   сабыр сыхæгтæм,   сæ арæнтæ   басæттын æмæ  сæ адæмыл бомбæкалд æххæст кæнын.

«Контактон   къорд  райхæлдта, цæмæй  йæ фарс хæцæм  æмæ хæцдзыстæм  Украинайы  тохæн  сæрибардзинадæн.  Дæтдзыстæм Украинайæн   уыцы  æххуыс, кæцы йын банфысвæрдтам.  Ацы бæстæмæ ис  æнæаргъæвгæ   хъæуындзинæдтæ.  Украинайы  президент Рамштайны  фæстаг фембæлдыл  хаххгондæй банысан  кодта,  цæмæй   бæстæйыл  хъæуы фылдæр  æфсæддон ифтонггæрзтæ. Ис нын фадат  æмæ  нæм иу кæны нæ дзæбæх  хæлар, Украинайы  хъахъхъæнынады министр Олекси  Резников. Хæстæй иу афадзæй сæрыл,  ахæм æмуд  стæм,  куыд  никуы  раздæр.  Зонын, цæмæй нæ  иудзинад  æрмæст   стынгдæр уыдзæн.

Нæ иунæгы дæр нæ фæнды  ахæм дунейы  цæрын, кæцыйы  автократтæн   сæ бон у,  сабыр сыхæгтæм ныббырсын,  сæ арæнтæ  басæттын æмæ  сæ адæмыл бомбæкæлдтытæ  æххæст кæнын.  Бæстæты  къорд, сæрмагондæй  та: Германи, Польшæ, Канадæ, Португали, Испани, Норвеги, Дани æмæ Нидерландтæ иумæйагæй кусынц  «Leopard 2»-ы  хæцæн   танкты  Украинайæн   алæвæрдыл», –  райхъусын кодта Ллойд Остин.