Евроцæдис Украинайæн æххуысы тыххæй 500 милуан евройы бæрц радон транш рауæлдай кæнынимæ сразы ис
Евроцæдис Украинайæн æххуысы тыххæй 500 милуан евройы бæрц радон транш рауæлдай кæнынимæ сразы ис. Æмбæлгæ уынаффæ, Брюсселы Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ рахастой. Суммæ рауæлдай уыдзæн Европæйы сабырдзинады фондæй, кæцы у Украинайæн æххуыс сфинанс кæнынæн Евроцæдисы иуæмæйаг фонды хай.
Афтæмæй, фæнысангонд фондæй Украинйæн æххуысы нысанæн рауæлдайгонд суммæ æмтгæй райсгæйæ 3,6 миллиард евройы бæрц у.
«Адарддæр кæндзыстæм Украинайæн æххуыс. Украина хъуамæ фæуæлахиз уа ацы хæсты æмæ йын алы гæнæн амæлттæй баххуыс кæндзыстæм», – райхъусын кодта æддагон политикæйы æмæ æдасдзинады фарстаты Евроцæдисы бæрзонддæр минæвар хатдзæггæнæн пресс-конференцийыл.
Жозеп Борелы дзырдæй, уæлæмхасæй 45 милуан евро рауæлдай уыдзæн Украинаг æфсæддæтты ахуыртæн æмæ Евроцæдисы ахуыры миссийы фæлгæтты.