Ллойд Остин – фæнды нæ фенын Уæрæсе  уый йас фæлæмæгъ уа, цæмæй  йæ бон мауал бауа  ахæм митæ ракæнын, кæцытæ ракодта Украинамæ  интервенцийы рæстæджы
Ллойд Остин – фæнды нæ фенын Уæрæсе уый йас фæлæмæгъ уа, цæмæй йæ бон мауал бауа ахæм митæ ракæнын, кæцытæ ракодта Украинамæ интервенцийы рæстæджы

АИШ-ы фæнды  фенын Уæрæсе  уый йас фæлæмæгъ уа, цæмæй  йæ бон мауал бауа  ахæм митæ ракæнын, кæцытæ кæны Украинамæ  интервенцийы рæстæджы, –  «CNN»-ы хъусинагæй, уый фæдыл АИШ-ы  хъахъхъæнынады  нымæрдар Ллойд Остин  Киевмæ  визиты фæстæ  райхъусын кодта.

Фæстæдæр  Урс Хæдзары  пресс-нымæрдар  Джен Псаки  Пентагоны  къухдариуæггæнæджы  фидиуæны  тыхæй   æмбарынгæнæн ратта æмæ  райхъусын кодта, цæмæй Остины  комментари  æмбæлон у  АИШ-ы администрацийы позицимæ, ома  ма бауадза, цæмæй Мæскуы  Украина аныхъуыра.

«Загътаин, цæмæй  ацы  фидиуæн  æмбæлон у  нæ позициимæ,  президенты хъуыдыимæ æмæ  паддзахадон  нымæрдары позициимæ,  ома алцыппæт саразæм цы нæ бон у, цæмæй  йæ ныхмæ слæууæм  президент Путины  тырнынадæн аныхъуыра Украина, бацахса йæ территорион æнæхъæндзинад æмæ  суверенитет. Дыууæ мæйы  размæ  йын уыд  ацы фæлгæттæй   рахызты тырнынад», – райхъусын кодта Джен Псаки брифингыл.