Лиетувæйы  президент куры,  «Квоид-19»-ы  ахæлиу маруадзыны нысанæн бæстæйы мадзæлттæ фæкарз кæнын
Лиетувæйы президент куры, «Квоид-19»-ы ахæлиу маруадзыны нысанæн бæстæйы мадзæлттæ фæкарз кæнын

Лиетувæйы  президент, Гитанас Науседа  бæстæйы  «Квоид-19»-ы  ахæлиу маруадзыны  нысанæн  мадзæлттæ фæкарз кæнын куры.

Фæнысангонды фæдыл куырдиат, президенты  уынаффæгæнæг  Симонас Крпешта сарызта.

«Карздæр арæнæвæрдтæ хъæуы.  Президенты хъуыдымæ гæсгæ,   архайæг   уавæры тыххæй   мадзæлттæ   æнæаргъæвгæйæ  хъуамæ фæкарз уа.  Æнæмæнгхъæугæ у,   уæлрадон уавæр   сфидар кæнын, уымæн æмæ  нын уый  ратдзæн фадат  коменданты сахат  скусын кæнæм.  Ацы фарстæтæ  активон каст цæуынц, нырма уынаффæ ист нæу, фæлæ   уавæр куы фæфыддæрдæр уа, ахæм  уынаффæ рахæссын æнæмæнгæй бахъæудзæн» –  фехуъсын кодта Симонас Крепшта.

Ивгъуыд æхсæв-боны  дæргъы  Лиетуæйы  «Ковид-19»-ы 2 219  ног цау  рабæрæг ис, амард 15  фæрынчынуæвæг.