Лиетувæйы парламент рахаста резолюци, кæцыйы Уæрæсе нымад цæуы терроризмы фарсхæцæг падзахадыл
Лиетувæйы парламент рахаста резолюци, кæцыйы Уæрæсе нымад цæуы терроризмы фарсхæцæг падзахадыл

Лиетувæйы парламент рахаста резолюци, кæцыйы  Уæрæсе   нымад цæуы  терроризмы фарсхæцæг  падздахадыл.  Æмбæлгæ документимæ, Лиетувæйы  парламент  æмхъæлæсонæй  сразы ис.

Резолюцийы мидæг дзырдæуы, цæмæй  Уæрæсейы  гарзджын тыхты  Украинайы  сæххæст æфсæддон  фыдракæндæ нымад хъуамæ цæуæд  украинаг адæмы геноцидыл.

«Уæрæсейы  Федераци, кæцыйы  гарзджын тыхтæ барæй æмæ систематонæй равзарынц  æмбæстагон объекттæ  бомбæкалды нысанæн, у паддзахад  кæцы йæ фарс хæцы  æмæ æххæст кæны  террористон акттæ» –  дзырдæуы  резолюцийы.

Депутаттæ  афтæдæр рацыдысты инициативæйæ, специалон æхсæнадæмон тугтæрхоны барады  трибунал саразыны фæдыл, кæцы хъуама  аргъ скæнæд Уæрæсейы агрессийæн  суверенон  Украинайы ныхмæ æмæ Украинайы  сыххæст фыдракæндты, фыдгæнджыты  тугтæрхонон сурын райдайæт.

Бакой уын кæндзыстæм, апрелы  кæрон Эстони æмæ Латви дæр банымадтой  Уæрæсейы  æрдгæй  Украинайы ныхмæ  райдайгæ хæст  геноцидыл.