Лиетувæ æмæ Латвимæ  Гуырдзыстонæй ныццæугæ бæлццæтты бахъæудзæн изоляцимæ ахизын
Лиетувæ æмæ Латвимæ Гуырдзыстонæй ныццæугæ бæлццæтты бахъæудзæн изоляцимæ ахизын

Лиетувæ æмæ Латвимæ  Гуырдзыстонæй ныццæугæ бæлццæтты бахъæудзæн изоляцимæ ахизын. Ног арæнæвæрдтæ  Латвийы  сæ тыхмæ  бацыдысты 19  сентябрæй, Лиетувæйы та  абоæнй  скусдзысты.

Дыууæдæр цауы, арæнæвæрдтæ  сфидар сты уыцы бæстæтæн, цы ран фæстаг 14 боны дæргъы   «Ковид-19»-ы  ахæлиуы  бæрæггæнæн  100 000  æмбстагыл 25-æй  фылдæр у.

Лиетувæйы  цауы   изоляцийы æмгъуыд у  14 боны, Латвийы та – 10 бон.

Гуырдзыстонæй  дарддæрп ма, Лиетувæйы   ног регуляцитæм  хауынц  Швецийæ,  Норвегийæ,  Болгарийæ, Канадæйæ  æмæ Фарреры  сакъадахтæй   ныццæугæ  бæлццæттæ.

Латвийы  ног арæнæвæрдтæ, Евроцæдисы æнæуæнг  бæстæтæй,   Гуырдзыстонæй  уæлдай,  æххæсынц  Канадæ æмæ  Тунисмæ, Евроцæдисы  уæнгтæй та  бирæ  бæстæмæ,  сæ нымæцы  Германимæ, Лиетувæмæ, Польшæмæ, Австри æмæ  ма ноджы  цалдæр бæстæмæ.