Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр – националон номхыгъды нæм ис цалдæр бæрзонд рангы гуырдзиаг бæрнон, уыдон Латвийы æнхъæлмæкæсинаг уазджытæ не сты
Сымах федтат гуырдзиæгты, кæцытæ фидарæй лæууынц европæйаг фидæны сæрыл, æмæ уый нæу хицауады фарсылхæцындзинад, уымæ гæсгæ дыууæйы æхсæн ис стыр хицæндзинад – уый фæдыл Латвийы æттаг хъуыдтæгты министр, Байба Бразе расидтис.
«Уымæй дарддæр ма, мах федтам иуæй-иу бындурон барты хæлд, æмбырды сæрибардзинад, ныхасы сæрибардзинад æмæ а.д. Уæдæ, националон номхыгъды нæм ис цалдæр бæрзонд рангы гуырдзиаг бæрнон, уыдон Латвийы æнхъæлмæкæсинаг уазджытæ не сты. Ныр ацы фарстайыл фæныхас кæндзыстæм Евроцæдисы æмвæзадыл æмæ райсдзыстæм цалдæр уынаффæ, кæцытæ дипломативон паспорт кæмæн ис, ахæм адæймæгтæн балцы арæнæвæрд кæнæ æндæр æскъуыддзаг» – расидтис Латвийы æттаг хъуыдтæгты министрады сæргълæууæг.
Уыимæ иумæ министрæн лæвæрд æрцыд фарст, цавæр у сæ позици санкциты фæдыл: «Цавæр у уæ позици санкциты фæдыл, мах ныридæгæн зонæм, цæмæй Венгри ацы уынаффæйы æрæхгæндзæн».
«Нæ позици, куыд Балтиаг бæстæты, афтæ дæр Евроцæдисы, бынтон бæрæг у. Гуырдзыстоны европæйаг фидæнмæ бирæ тыхархайд, финанстæ æмæ ресурстæ бахардз кæнæм. Гуырдзиаг адæмы кæддæриддæр фæндыд европæйаг уæвын. Уæдæ мах нæ уынæм уыцы ивддзинæдтæ æхсæнадон хъуыдыйы æрфарстыты æмæ конституцион фарстыты. Бæрæг у, хицауад хъуамæ аскъуыддзаг кæна, дарддæры къахдзæфтæ цы уыдзысты, уый. Æнхъарæн у, цæмæй сæххæст кæндзысты гуырдзиаг адæмы фæндон. Адæймаджы барты хæлд æмæ æндæр ахæмтæм та цы хауы, уымæн махæн ис глобалон адæймаджы барты механизм. Уæдæ уыцы фарстатыл æрныхас кæндзыстæм. Мæн нæ фæнды развæлгъау зæгъын, цахæм уыдзæн Венгрийы позици», -расидтис Байба Бразе.
Евроцæдисы фæсарæн хъуыддæгты министртæ абон Брюселы Гуырдзыстоны фарстайыл уынаффæ кæнынц.