Гуырдзыстоны премьер-министр Латвийы  фæсарæн хъуыддæгты министримæ фембæлд
Гуырдзыстоны премьер-министр Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министримæ фембæлд

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили Латвийы  Республикæйы  фæсарæн хъуыддæгты министр, Эдгарс Ринкеевичсимæ   фембæлд.

Премьер-министры  пресс-куысты   информацийæ,  фембæлдыл  хъусдард здæхт уыдис дыууæ бæстæйы æхсæн  æмахасты  æрдæм,к æцы иумæйаг аргъдзинæдтæ æмæ   принциптыл  æнцойæвæрд у.

Афтæма сæ информацийæ,  банысан  ис, цæмæй Эдгарс Ринкевичсы визит  Латвийы  æнæфæцудгæ   фарсхæцыны æмæ бæстæты æхсæн    фæстиуджытыл  ориентацигонд партнерады бæлвырдгæнæн у.   Ныхас уыд Гуырдзыстон æмæ   Латвийы  æхсæн  уæвæг  экономикон  æмгуыстадыл.

Ираклий Гъарибашвили Евроатлантикон  интеграцийы фæндагыл Гуырдзыстонæн æххуысы  тыххæй  Латвийæн  раарфæ кодта.   Ныхасы рæстæджы  хъусдард  здæхт уыд    оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг  уæззау  гуманитарон  уавæры æрдæм.  Банысан ис  фæсарæн хъуыддæгты министры визиты нысаниуæг  оккупацион  хаххы цур  хъæу  Одзисмæ, кæцы йын  бынатыл уæвæг   уавæры базоныны фадат ратдзæн.

Латвийы фæсарæн хъуыддæгты министр,  Ираклий Гъарибашвилийæн ноджы иу  хатт сбæлвырд кодта  Латвийы  хъæддых фарсхæцын Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион  æнхъæндзинадæн, æхсæнадæмонæй нымад  арæнты.