Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад публикаци кæны информаци Лиетува, Латви æмæ Эстонийы минæвæрттимæ фембæлды фæдыл
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад публикаци кæны информаци Лиетува, Латви æмæ Эстонийы минæвæрттимæ фембæлды фæдыл

Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрадмæ æрсидтысты Лиетувæйы, Эстонийы уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвæрттæ æмæ Латвийы минæварады хъуыддæгты хицау Дариус Виткаускас, Марге Мардисалу-Кахари æмæ Лолита Ленкевич.

Фембæлдыл тыхстдзинад расидтис æртæ бæстæйы æрдыгæй Гуырдзыстоны хицауады æмæ барадхъахъхъæнджыты сæргълæуджыты æруромыны фæдыл расидæны фæдыл.

Банысан ис, цæмæй ацы къахдзæф нæ æмбæлы бæстæты æхсæн партнерон ахастыты фæлгæттæн.

Фембæлдыл банысан ис, цæмæй Гуырдзыстон æхсæнадæмон нормæтыл хæст у æмæ Гуырдзыстоны паддзахадон органтæ конституци æмæ æхсæнадæмон стандарттæм гæсгæ архайынц бæстæйы æхсæнадон фæтк æмæ æдасдзинад сифтонг кæнынæн.

Æнæрайсгæ сты ахæм хъусынгæнинæгтæ, кæцытæ здæхт сты суверенон паддзахады институтты архайдыл æндавынмæ æмæ нымад цæуынц куыд бæстæйы мидхъуыддæгты хъыгдард.

Фембæлдыл ноджы иу хатт бахахх кодтой, цæмæй Гуырдзыстоны хицауады æскъуыддзаг, Евроцæдисимæ ахастыты боны фæткмæ 2028 азы онг Евроцæдисимæ ахастыты боны фæткмæ нæ бахæссын æмæ Евроцæдисы бюджетон гранттæй не сразы уæвыны фæдыл Гуырдзыстоны хицауады уынаффæ нæ нысан кæны Гуырдзыстоны Евроцæдисмæ интеграцийы процесс æмæ йæ нысан у снысангонд фарстайыл уæвæг зианхæссæг спекуляциты превенци. Гуырдзыстоны хицауад æнæфæцудгæйæ адарддæр кæндзæн Евроцæдисмæ интеграцийы æнæфæстæмæздæхгæ процесс Евроцæдисимæ ассоциацийы бадзырдыл бындурæвæрдæй, кæцы бæстæйæн дæтты фадат хуыздæр цæттæ уа Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл бадзырдты тагъд ауадзынмæ, уый тыххæй дæр расидæнтæ Гуырдзыстоны хицауады æрдыгæй Евроцæдисимæ бадзырдты фæурæд раст нæу.

Фембæлдыл Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад расидтис ныфс, цæмæй фарсытæ æрыздæхдзысты бæстæты æхсæн традиционæй уæвæг хæларадон ахастытæм æмæ æмкуысткæнынад уыдзæн бындурæвæрд кæрæдзийæн кад кæныныл.

Информаци Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад парахат кæны.