Леван Васадзе - Фæнды мæ Кавказы регионы алы цæрджытæн фехъусын кæнын, æфсымæртæ æмæ хотæ, ацы бонты Гуырдзыстон скъуыддзаг кæны нæ моралон хæзнаты амонд
Фæнды мæ Кавказы регионы алы цæрджытæн фехъусын кæнын, нæ хæлæрттæн – æфсымæртæ æмæ хотæ, ацы бонты Гуырдзыстон скъуыддзаг кæны нæ моралон хæзнаты амонд, кæд мах басæттдзысты, уæд уый ахæлиу уыдзæн æппæт Кавказыл – уый фæдыл бизнесмен Леван Васадзе Верейы паркъы райхъусын кодта.
Леван Васадзе куыд дзуры, афтæмæй, ацы бонты зæгъгæ райдайдзæн фидиуæнтæ æндæр æмæ æндæр нациты минæвæрттæй.
«Абон ныридæгæн ахæлиу ис нæ хæлар ферейдайнæгты фидиуæн, цæугæ фæзындты тыххæй. Мах æнхъæлмæ кæсæм æндæр æмæ æндæр адæмты фидиуæнтæм, фæнды мæ фехъусын кæнын Кавказы регионы алы цæрджытæн, не фсымæртæн, рæстæгмæ ныууæнгтæгонд Гуырдзыстоны цæрæг, фæлæ уæддæр иууон Гуырдзыстоны цæрæг абхазæгтæмæ æмæ ирæттæм, æцæг Ирыстоны цæрæг ирæттæн, кæцытæ Уæрæсейы федерацийы сконды сты, нæ иууыл хæстæг æфсымæртæн мæххъæлæттæн, цæцæйнæгтæн, аварйæгтæн, лекæгтæн, Дагестаны æппæт цæрджытæн, Кæсæг-Балкайрæгтæн, адигейæгтæн, карачай-черкесæгтæн, не æфымæртæн сомихæгтæн æмæ азербайджайнæгтæн. Æфсымæртæ æмæ хотæ, ацы бонты Гуырдзыстоны скуыддзаг кæны нæ моралон хæзнаты амонд, æмæ нæ кæд мах басæттой, уæд ай ахæлиу уыдзæн æппæт Кавказыл, мах та уæ нæ фæхудинаг кæндзыстæм. Æгъдау бахъахъъхæнынæн куы бахъæуа, уæд нæхзи ауæлдай кæндзыстæм æмæ не руадздзыстæм Кавказ æнæгъдау кæнын. Курæг уæ дæн равдисат уæ ахаст. Ныфс мæ ис ратæлмац уын кæндзысты уе взæгтæм мæ фидиуæн. Сымахæй уæ ницы æххуыс хъæуы, рмæст нæ хъæуы уæ позицимæ байхъусын. Мах развæлгъауæй зонæм уый фæлæ нын иттæг нысаниуæгджын у, æфтыддæгтæм æмæ провокатортæм нæхæдæг æркæсдзыстæм. Слæуут нæ фарсмæ, равдисут уæ позици уыйы æрдæм, Мах иумæйаг кавказаг æгъдау цы хуыйны, хæдзар цы хуыйны уый. Хуыцауæй фæдзæхст уæт фидар, æгъдауджын Гуырдзыстон, афтæма фидар, иууон , æгъдауджын Кавказ!» – райхъусын кодта Леван Васадзе.