Леван Иоселиани - 2025 азы хорзæх уæ уæд, ацы аз уæ бинонтæн æмæ нæ бæстæйæн æрхæссæд дидинæфтыд, сабырдзинад, хорздзинад
Æхсæнадон хъахъæнæг Леван Иоселиани Гуырдзыстоны цæрджытæн ног аз арфæ кæны.
Иоселиани гуырдзиаг адæмæн дидинæфтыд æмæ сабырад арфæ кæны.
Зынаргъ æмзæххонтæ, Ног 2025 азы хорзæх уæ уæд! Куыд 2024 азы, афтæ ацы аз дæр мах фидарæй лæудзыстæм адæймаджы бартæ хъахъхъæнынæн, рæстдзинад сифтонг кæнынæн æмæ тынгдæр кæй хъæуы, уыдоны хъæлæстæ фæтыхджындæр кæнынæн. Нæ зæрдæ зæгъы, цæмæй 2025 аз суа нæ абхазаг æмæ ос æмзæххонтимæ диалог æмæ бафидауыны аз, нæ бæстæйы территорион æнæхъæндзинад сног кæнын æмæ евроинтеграцийы фæндагыл размæ цæуыны аз. Уадз æмæ 2025 аз æрхæсса дидинæфтыд, сабырад æмæ хорздзинад сымахæн, уæ бинонтæн æмæ æппæт нæ бæстæйæн» – расидтис Леван Иоселиани.