Леван Иоселиани 12-æм ахæстоны фембæлд Бачо Ахалаиа, Паата Бурчъуладзе, Муртаз Зоделава, Григол Лилуашвили, Михаил Саакашвили, Иракли Гъарибашвили æмæ Леван Хабеишвилиимæ
Леван Иоселиани Руставы 12-æм ахæстоны Бачо Ахалаиа, Паата Бурчъуладзе, Муртаз Зоделава, Григол Лилуашвили, Михеил Саакашвили, Ираклий Гъарибашвили æмæ Леван Хабеишвилиимæ фембæлдис. Уый фæдыл информаци æхсæнадон хъахъæнæгы аппарат парахат кодта.
«4-æм февралы Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæг, Леван Иоселиани, Рустауы 12-æм æрдæггом æмæ æхгæд æфхæрæн уагдоны бабæрæг кодта.
Æхсæнадон хъахъæнæг фембæлд уагдоны администрациимæ, базонгæ ахæстты царды уавæртимæ æмæ ныхас кодта уагдоны ахæсттимæ: Бачо Ахалаиа, Паата Бурчъуладзе, Муртаз Зоделава, Григол Лилуашвили, Михаил Саакашвили, Ираклий Гъарибашвили æмæ Леван Хабеишвили.
Æхсæнадон хъахъхъæнæг регуляронæй йæ цæст дары æфхæрæн уагдæттæм æмæ йæ цæст дары ахæстты бартæм», — дзырдæуы Æхсæнадон хъахъхъæнæджы офисы расидæны.