Леван Иоселиани – Евросоветы адæймагы барты комиссаримæ фембæлд уыд Гуырдзыстоны адæймагы барты уавæры фæдыл, ныфс мæ ис, цæмæй нæ партнерад адарддæр уыдзæн
Евросоветы адæймагы барты комиссаримæ фембæлды рæстæджы рахицæн ис цалдæр фарста, се æхсæн оккупацион хаххыл цæрæг æмбæстæгты уавæр, протесты фæстиуæг ахст адæймæгты уавæр – расидтис æхсæнадон хъахъæнæг, Леван Иоселиани.
«Фарстатæ æвæрд æрцыдысты, цæмæй дзуаппмæ æрцыд æви нæ исчи, кæцы гæнæн ис æмæ уа аххосджын уыцы рæстæджы адæймæгты фыднад скæныны цаутæй. Иуæй-иу фарста уыд Гуырдзыстоны организациты иумæйаг уавæр. Закъондæттæн ивæндзинæдты фæстаг пакет, кæцы парламенты райст æрцыд» – расидтис Леван Иоселиани.
Журналисты фарстыл, ныхас кодта æви нæ Европæйы советы адæймаджы барты комиссаримæ ахст политикты хъуыддæгты фæдыл, уæд Иоселиани банысан кодта, цæмæй конкретон цаутыл нæ ныхас кодта, кæд æмæ Майк О’Флаерти цымыдис кодта Мзиа Амаг]лобелийы уавæрмæ.
«Мах ныхас кодтам алцыппæтæй иумæйагæй. Ныртæккæ нæ дзырдтам конкретон цаутыл, фæлæ нæ цымыдис кодта сæ уавæр. Уыдон æхсæн уыд Мзиа Амаглобелийы уавæр. Уый цымыдис кодта йе нæниздзинады уавæр ахæстоны. Мах лæвæрдтам информаци абсолютонæй алцыппæт, кæцыйыл мах баст стæм, цæуыл куыстам æмæ дарддæр кæнæм кусæм.
Уый мын нæ дзырдта рекомендациты тыххæй. Уый тыххæй, æвæццæгæн, аныхас кæндзæн, ацы рекомендацитæ чи хъуамæ æххæст кæна, уыдонимæ. Ныхасы темæтæй иу уыд закъондæттæн ивындзинæдтæ, Гранты тыххæй закъон, Административон барадхæлдтыты кодексмæ ивындзинæдтæ, кæцытæм бахатыдтæн Конституцион тæрхондонмæ æмæ йæм бафтыдтон ОSСЕ/ОDIHR-ы хатдзæг. Ныхас афтæдæр баххæсыд иумæйаг уавæрмæ, цы гæнæн ис æмæ æрхæссой ацы ивæндзинæдтæ, цы æрхастой æмæ цы гæнæн ис уый фæстиуæг фидæны», -расидтис Иоселиани.
Уæ информацийæн, Евросоветы адæймагы барты комиссар Майкл О’Флаерти Гуырдзыстоны фембæлдтæ уадзы. О’Флаерти йæ фыццаг фембæлд сарæзта æнæхицауадон организациты минæвæрттимæ.