Леван Иоселиани фембæлд Европæйы Советы генералон нымæрдар Ален Берсеимæ
Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæг Леван Иоселиани Евросоветы генералон нымæрдар Ален Берсеимæ фембæлд.
Гуырдзыстоны æхсæнадон хъахъæнæгы фарсыл публикацигонд информацийы куыд ис фыст, афтæмæй фембæлдыл ныхас кодтой бæстæйы цæугæ цауты, политикон поляризацийы, митингы хайадисджытæм барадхъахъæнджыты æрдыгæй æнæмбæлон ахасты фактты æмæ, æмтгæй райсгæйæ, ныртæккæйы уавæр æмбырды æмæ ныхасы сæрибардзинады æрдгæй.
«Æхсæнадон хъахъæнæг уазæгæн базонгæ кодта аппараты архайдимæ ахстгондты æмæ ахсты рæстæджы зианбаййафджыты адæймагон барты хъахъæды къуымæй», – банысангонд у æхсæнадон хъахъæнæгы фарсыл публикацигонд информацийы.