Латвимæ ныццæугæ Гуырдзыстоны æмбæстæгты нæ бахъæудзæн хиизоляци кæнæ коронавирусыл тест раттын
Латвийы хицауад публикаци скодта уыцы бæстæты номхыгъд, кæцыты æмбæстæгтæн Латвимæ ныццыды цауы, хиизоляци кæнæ карантинмæ ахизын нæ бахъæудзæн. Фæнысангонд номхыгъды уæвæг паддзахадты æмбæстæгты афтæдæр нæ бахъæудзæн коронавирусыл тест раттын.
Номхыгъды мидæг ис Гуырдзыстон дæр. Уæлвæтк уыдзысты Гуырдзыстоны уыцы æмбæстæгтæ, кæцытæ бæстæмæ, æндæр паддзахады уылты, а.х. сырх зонæйы бæстæйæ ныццæудзысты, цы ран эпидемиологион уавæр бæрзонд рискъ-къордмæ æмбæлон у.