Къумурдойы  хъæуы æрбайгом ис сомихагæвзагон  скъола
Къумурдойы хъæуы æрбайгом ис сомихагæвзагон скъола

Ахалкалакийы  Къумурдойы  хъæуы,  бынæттон   спонсоры  æххуысæй, нырыккон стандарттæм æмбæлон,  450  скъоладзауыл нымад  сомихагæвзагон  скъола æрбайгом ис.

Гуырдзыстоны ахуырады æмæ   зонынады  министрады информацийæ,  скъола  ифтонггонд у ног инвентарæй  æмæ  нырыккон техникæйæ,   афтæдæр   стандартон  асы стадионæй,  згъорæн  фæндагæй,  бассейнæй, волейболы  æмæ   баскетболы  фæзтæй.

Афтæдæр сæ информацийæ,  ахуырады æмæ  зонынады министрад аудын кой кæны  этникон  каддæрдæрты  ахуырадыл,  сæ интеграцийы  æмæ ацы æрдæм  бирæ  проекттæ æххæст кæны.