Гиорги Гахариа – æнæкæсгæ уымæ, цæмæй нын абон 38 фæрынчынуæвæг ис, скъолаты ахуыры процесс ахæцыныл ныхас нæй
Гиорги Гахариа – æнæкæсгæ уымæ, цæмæй нын абон 38 фæрынчынуæвæг ис, скъолаты ахуыры процесс ахæцыныл ныхас нæй

Æнæкæсгæ  уымæ?  цæмæй  нын абон ис  38  фæрынчынуæвæг,  кæй зæгъын æй хъæуы,   ницы  ныхас ис  ахуыры  процесс  ахæцыныл, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны   премьер-министр Гиорги Гахариа   æхсæнуагдонон  координацион советы  рабадтыл  райхъусын кодта.

Хицауады  сæргълæууæгы  дзырдæй,   зæгъгæ   ахуыры  процесс  сколаты   хъуамæ райдайа  15  сентябры  æмæ  уый  тыххæй   æххæстæй  мобилизацигонд хъуамæ уа   ахуырады æмæ  æнæнизхъахъхъæды  министрадтæ.

«Дзырдæуы  уый  фæдыл, ома  ахуыры  процесс  скъолаты  райдайа   15  сентябры.  Уый   тыххæй   æххæстæй  мобилизацгонд хъуамæ уа   ахуырады æмæ  æнæнизхъахъхъæды  министрадтæ.  Ацы æрдæм тынг бæрнон  стæм,  уымæн  æмæ  мацы риск  сæвзæра   ахуыры   процессы æрдæм.  Уый тыххæй   хъæуы   ахуыргæнæндæтты  æмбæлгæ  мадзæлтты  хъахъхъæнын», –   загъта Гиорги Гахариа.

Премьер-министр æрсидтис  æмбæлгæ  уагдæттæм, цæмæй  фæкарз кæной  æдасдзинады  мадзæлттæ.

«Горæты  мэрийæн мæ фæнды  бахæс кæнын, цæмæй  нормæтæ,  кæцы  уагæвæрд сты  æхсæнадон транспорты,  базарадон объектты,  ам дæр хъуамæ   фæкарзкæнæм, уымæн  æмæ  у  сентябрь,  горæтмæ æздæхынц улæфынмæ  чи уыд уыдон,  рахизынц æрвылбойнон цардуагмæ, куыстмæ æмæ  ам алчи нæхи хъуамæ  сахуыр кæнæм, цæмæй  хъыгагæн, цыдæр период  ахæм арæнæвæрдтæ  æмæ  дискомфортимæ  цæрын нæ бахъæуыдзæн», –  райхъусын кодта   Гиорги Гахариа.