Ахуырады  министры постыл Гиорги Амилахвари  снысан ис
Ахуырады министры постыл Гиорги Амилахвари снысан ис

Гуырдзыстоны  ахуырады æмæ  зонæдты министры пост  Гиорги Амилахвари  бацахсдзæн.  Уый фæдыл  Гуырдзыстоны  премьер-министр  Ираклий Гъарибашвили   хицауады администрацийы   брифингыл   райхъусын кодта.

Амилахвари  фæивдта Михеил Чхенкелийы, кæцы  министры пост ахста  2019  азæй.

Гиорги Амилахвари  абоны онг 2021  азæй  Гуырдзыстоны парламенты  ахуырады æмæ  зонæдты  комитетæн  къухдариуæг кодта.

2018-2019  азты  Амилахвари ахста   ахуырадон программæты  аккредитацийы советы сæрдары хæдиæгы  пост; 2010—2020 азты  уыд  Тбилис гом ахуыргæнæндон университеты вице-ректор, ассоциацигонд   профессор барады;  2008-2010  азты  Лиетувæйаг инвестицион компани «Саверусы»  Гуырдзыстоны филиалы, «Саверус Джорджиайы» сæйраг юрист уыд; 2007-2008 азты  куыста  европаг æмæ евроатлантикон   интеграцийы фарстаты  Гуырдзыстоны паддзахадон министры аппараты  сæйраг специалисты   постыл.

Гиорги Амилахвари сахур ис  барадзонынады  специалондзинадæй.  Лæвæрд йæм ис  барады  докторы  академион ном.