Кристин Лагард - Мæзджыт æмæ Синагога Тбилисы фæрсæй-фæрстæм лæууынц растдæр уымæй бæрæг у Гуырдзыстоны æнтыст
Мæзджыт æмæ Синагога Тбилисы фæрсæй-фæрстæм лæууынц, растдæр ай у Гуырдзыстоны æнтысты сæйраг бæрæггæнæн – толерантондзинад, æргомдзинад æмæ ивгъуыды дæнцыл ахуыр кæнын – уый тыххæй æхсæнадæмон валютон фолнды фæткдæттæг Кристин Лагард Тбилисы, паддзахадон церемониты галуаны уæллаг ахуыргæнæндæтты студенттимæ фембæлды рæстæджы райхъусын кодта.
«Абон сæумæрайсом куы рацыдтæн Тбилисы уынгты, зæрдæскъæфт фæдæн Зæронд Тбилисы уындæй, кæцы бирæ туристы сæйраг ардæмадæй ссис. Бирæтæ растдæр ацы уынгты фенынмæ æрцæуынц Тбилисмæ, кæцы у уникалон традициты, культурæйы æвдыст Ныгуылæны æмæ Скæсæны алвæндагыл.
Сымах ацы уынгты фендзыстут æндæр æмæ æндæр дины фæдонты кувæндæттæ. Чырыстонон аргъуантæ, мæзджыттæ, синагога æмæ æндæр. Мæзджыт æмæ Синагога Тбилисы фæрсæй-фæрстæм лæууынц, растдæр ай у Гуырдзыстоны æнтысты сæйраг дæнц – толерантондзинад, æргомдзинад æмæ ивгъуыды дæнцыл ахуыр кæнын», – райхъусын кодта Кристин Лагард.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, хæдбардзинад ногæй рацарæзтæй Гуырдзыстон сæрмагонд æмæ быцæусидтытæй едзаг период рацыд.
«Экономикон рæзынад виппайд урæд æрцыд æмæ амалиуæгад баййæфта коллапс. Ацы риссаг хъæдгомæй райдыдта Гуырдзыстон ног этап. Фæстаг азты Гуырдзыстон диссаджы трансформацийы дæнц равдыста. Хъæууон хæдзарадыл баст экономикæйæ Гуырдзыстон сервистыл ориентацигонд экономикæмæ ахызт, уый нымæцы туризммæ, кæцыйы кой ныридæгæн ракодтон. Райрæзтысты æфтиæгтæ, фæтыхджын ис базарад æмæ Гуырдзыстон сæвзæрын кодта Дунейы иуæй-иу сеппæтæй цæстуарзон бизнес-æрдз. Ацы трансформаци у куысты, реформæты æмæ æргомдзинады фæстиуæг.
Фæлæ бирæ æндæр паддзахады дæнцыл куыд федтам, афтæмæй, æргомдзинад афтæдæр расайы рискъытæ æмæ экономикæ бирæ сенситивон дæр свæййы. Экономикæйы фæзынынц æмæ йæм бандавынц æндæр æмæ æндæр тенденцитæ, шокътæ, кæцы гæнæн ис экономикæйæн зиан дæр æрхæсса. Мах уый фæфиппайдтам 2008 азы финансон кризисы рæстæджы»,- райхъусын кодта Кристин Лагард.