Коронавирусыл «PCR» тестæй басгæрст фыццаг мартæй паддзахадон программæйæ нал сфинанс уыдзæн, фæлæ цырд тестыл адарддæр уыдзæн
«Ковид-19»-ыл тестæй басгæрсты программæмæ ивдтытæ бацæудзысты. Æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ, фыццаг мартæй «PCR» тестæй басгæрст, паддзахадон програмæмæйы фæлгæтты финансдзинад нал уыдзæн, фæлæ дарддæр кæны цырд антигены тестæй басгæрсты программæ.
«Ковидтестæй басгæрсты режимы æркаст цæугæ эпидемиологион уавæрмæ гæсгæйæ рцыд. Бæстæйы сæйраг хæлиукæнынады вариант у «Омикрон» æмæ хæлиукæнынады пикы фæстийæ аззад.
Банысан кæнын хъæуы госпитализацийы бæрæггæнæн каддæр кæны, æрмæст цауты фылдæр æнæсимптом кæнæ рог формæйæ цæуы» – хъусын кæнынц æнæнизхъахъхъæды министрады.
Уагдоны хъусын кæнынц, цæмæй «Ковид-19»-ысимптомтæ кæмæн ис ахæм уæнгтæ, кæцытæн антигены дзуапп у æппæрццаг, хъуамæ баззайæт изоляцийы, минимум 5 боны дæргъы. Уавæры дарддæры фæткдæттыны палн та хъуамæ бакуыстæуа симптомты æмæ колиникон уавæрмæ æмбæлгæйæ.
«PCR» тестæй басгæрст уыдзæн æрмæст стратегион объектты, бахъуаджы цауы спайда кæнынæн» банысан кодтой æнæнизхъахъхъæды министрады.