Коронавирусмæ гæсгæ уагæвæрд арæнвæрдты фæстиуæгæн, туристон индустри 30 милуанæй фылдæр ларийы зиан бавзæрста
Ног коронавирусы ахæлиу æмæ вирусы тыххæй Гуырдзыстоныл, афтæ куыд глобалон экономикæмæ æндæвдад бæлвырд математикæ нæй, – уый фæдыл экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр, Натиа Турнава, райхъусын кодта хицауады рабадты фæстæ.
Министры медийы минæвæрттæ фарстой, зæгъгæ цасы бæрц зиан бавзæрста Гуырдзыстон, ног коронавирусы тыххæй Китай æмæ Иранмæ тахтытæ баурæды тыххæй.
«Тынг бирæ цыдæр, уый нымæцы махмæ гæсгæ дæр, баст у вирусы ахæлиуы динамикæимæ æмæ æндæр бæстæты скуыддзæгтимæ, кæцы фарстатæ нæ контролы дæлбар нæу. Уый тыххæй нымæцтæ æмæ æнхъæлцытæ ивынц, фæлæ нæ бон зæгъын у, æмæ фæлхатгæ ракой кæндзынæн цыфрæйы тыххæй – фыццаг дыууæ мæйы дæргъы, иууыл цъус, уыцы цалдæр бæстæйы æрдæм туристон дыууæрдæм змæлды арæнæвæрды æмæ фæурæдты тыххæй, практиконæй 30 милуан ларийæ фылдæр зиан райста туристон индустри комкоммæ, фæлæ уый нæ уыдзæн бæлвырд цифрæ, уымæн æмæ кæсæм куыд айтынг уыдзысты фæзындтæ», – райхъусын кодта экономикæйы министр.