Коммуникациты комисси – Æхсæнадон Уацхæссæг  дыккаг туры  æвзæрстыты агъоммæ  периоды, фæзындтæ рухс кодта объективонæй, журналистон этикæйы стандарттæм æмбæлгæйæ, сюжеттæ æмæ алæвæрдтæ  уыдысты æвзæрстгæнджыты информир кæнынæн
Коммуникациты комисси – Æхсæнадон Уацхæссæг дыккаг туры æвзæрстыты агъоммæ периоды, фæзындтæ рухс кодта объективонæй, журналистон этикæйы стандарттæм æмбæлгæйæ, сюжеттæ æмæ алæвæрдтæ уыдысты æвзæрстгæнджыты информир кæнынæн

Коммуникациты   комисси  2021 азы  Гуырдзыстоны   муниципалон оргæнты  æвзæрстыты агъоммæ   периоды  медиа  мониторингы æртыккаг   хыгъдлæвæрд   публикаци кæны   хыгъдлæвæрд  дыккаг туры  2021 азы 3 октябрæй  31 октябры онг период æвдисы.

Комиссийы  хъусын кæнынц, цæмæй  медиамониторинг æхсæз  иумæйаг  национ уацхæссæгы,  сæ нымæцы  Æхсæнадон Уацхæссæджы Фыццаг Каналы, Æхсæнадон Уацхæссæджы Ачъарайы  телеуынынады, «Рустави-2»-ы  «Телеимедийы» «Телекомпани  Пирвели» æмæ «Мтавари Архи»-ы  æхсæн  ацыд.  Мониторинг  сегасдæр хуыдæр рæстæджы, 19:00  сахатæй 24:00  сахаты онг периоды цыд, æрмæст æхсæнадон-политикон  алæвæрдты  мониторинг æнæхъæн боны  дæргъы  цыдис.  Нымæцон медиамониторинг  50-ы онг  уацхæссæгон  каналыл ацыд.  Æхсæз иуæймаг  национ  уацхæссæгы  мониторингы  рæстæджы,  комиссийы  цæстдард уыд  ахæм фарстатæ: баланс, дырысдзинад, релевантондзинад, нысаниуæгджын информаци фæуагъд, афтæма фыдзæрдæ æвзаг æмæ  дезинформаци, диксриминаци  æмæ визуалон/аудио  манипуляци.

Коммуникациты  комиссийы банысан кодтой, цæмæй  Æхсæнадон Уацхæссæг  цæугæ фæзындты  объективонæй  æмæ  журналистон этикæйы  стандарттæм æмбæлгæйæ  рухс кодта, йæ  сюжеттæ  æмæ алæвæрдтæ  æвзæрстгæнджыты информирдзинадæн уыдысты.

«Æхсæнадон  Уацхæссæг  æвзæрстыты дыккаг туры æвзæрстыты агъоммæ  периоды дæргъы, бæстæйы æмæ йæ арæнты æддæйæ  айтынггонд фæзындтæ фылдæр   балансгондæй  æмæ нейтралонæй  рухс кодта.   Рæстæг лæвæрд уыд  политикон  процессы  баст  алы  субъектæн, афтæма алы  нысаниуæгджын æмæ  бæрзонд æхсæнадон интерес, цæмæ ис уыцы  информацимæ.  Нæ фæбæрæг ис  фыдзæрдæ æвзагæй пайда кæнын,  дезинформаци æмæ æнæбæлвырд  информацийы  хæлиукæнынад», – банысангонд у  коммуникациты комиссийы  информацийы.

Уагдоны ма  афтæдæр банысан кодтой, ома коммуникациты  комисси æвзæрстыты агъоммæ  медиамониторинг  æхсæнадæмон стандарттæм  æмбæлгæйæ  кæй æххæст кæны, уый.   Коммуникациты комиссийы медиамонитортæ  æхсæнадæмон  стандарттæм æмбæлгæйæ  Европæйы  Советы  медиаэксперт, организаци  «Мемо-98»-ы  æххæстгæнæг  директор  Расто  Кузел  бацæттæ кодта.

2021 азы  Гуырдзыстоны  муниципалон оргæнты æвзæрстыты  разæвзарæнон  периоды  дыккаг туры  медиа  мониторингы  æртыккаг  хыгъдлæвæрд, æххæстæй кæнын уæ бон у  ам.