Хицауады уынаффæйæ, дохтыртæн минималон мыздæй сбæлвырд ис -1260, медицинон хотæн та 792 лари
Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министр Зураб Азарашвилийы фидиуæнæй, хицауады абоны рабадтыл рахастой уынаффæ, кæцымæ гæсгæ дæр, дохтырты æмæ кæстæр медицинон персоналæн (медицинон хотæн) минималон мызд сбæрæг ис.
Зураб Азарашвилийы дзырдæй, зæгъгæ минималон мызд медицинон хотæн сбæрæг ис 792 ларийæ, дохтиртæн та – 1260 ларийæ.
«Рахастам ахсджиаг уынаффæ дохтырты æмæ кæстæр медицинон персоналæн минималон мызды бæрцы фæдыл. Зондзыстут, ома дохтырты æмæ медицинон хот нæм бирæ ис кæцытæн æгæр ныллæг мыздтæ ис хъыгагæн. Хъуыды кæнæм, медицинон сервситыл фиддонтæй, кæцыйы паддзахад æппæтадæмон фæдзæхсыны прпограммæйæ фиды, нысанæмраст уыдзæн дохтыртæн æмæ медицнон хотæн мыздты минималон арæн сбæрæг уа. Хахх кæнын, уый у мызды минималон бæрц. Цæй зæгъын æй хъæуы, уымæй бæрзонддæр мыздтæ сфидар кæнын дæр уыдзæн сæ бон. Медицинон хоты мызды минималон бæрц у 792 лари, дохтырты та – 1260 лари. Сæрæй, уый тыххæй куы фехъусын кодтам, уыдис спекуляцитæ,цæвиттон мах сфидар кодтам фиксиргонд мыздтæ æмæ ацы мызд та, дохтырты æмæ медицинон хотæ цы куыст кæнынц, уыимæ абаргæйæ æгæр ныллæг у. Цæй зæгъын æй хъæуы, ныллæг у фæлæ уый фиксиргонд нæ фæлæ минималон мызд у- уымæй ныллæгдæр гæнæн нæй уа», – райхъусын кодта Зураб Азарашвили.