Зураб Азарашвили  Кутаисы бабæрæг кодта лигъæдæттæн  рауæлдайгонд  цæрæн комплексы арæзтадон куыстытæ
Зураб Азарашвили Кутаисы бабæрæг кодта лигъæдæттæн рауæлдайгонд цæрæн комплексы арæзтадон куыстытæ

Оккупацигонд   территоритæй  лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинады æмæ  социалон  хъахъхъæды министр  Зураб Азарашвили  Кутаисы   лигъдæттæн аразгæ  цæрæн  корпусы цæугæ  куыстытимæ æрзонгæ ис.

Министрады информацийæ, Никеайы  уынгыл  720 лигъдон бинонтæн  æртæ 12  куæладзыгон   корпус  аразынц.  Афтæма  сæ  хъусинагæй   арæзтадон   куыстытæ  2025 азы  кæрон фæуыдзысты  æмæ  лигъдон бинонтæм æххæстиæй  арызт  цæрæнуаттæ уыдзæн лæвæрд .

«Никеайы  уынгыл  цæрæн комплексы арæзтад  цæугæ азы  июны райдыдта  æмæ  æртæ корпусы  каркасы арæзтад, зæгъæн ис,  кæронмæ  сыххæст.

Куыстыты процесс активон  режимы,  стандарт хъахъхъангæйæ  цæуынц  æмæ  рагафон нысангонд æмгъуыдтæм фæуыдзæн.

Проекты фæлгæтты, оккупацигонд территоритæй  лигъдæтты, фæллойады, æнæниздзинады æмæ  социалон хъахъхъæды  министрад, 2025  азы кæронмæ, цæрæн фæзуатты  æмтгæй  райсгæйæ 13000 лигъдон бинонтæн  адæтдзæн. Уыдонæй 7000-æй  фылдæр бинонтæн ногарызт корпусты ратдзысты.  Иннæ 6000–ы онг бинонтæн  та  «хъæуты хæдзары» программæйы фæлгæтты  æрцæрын кæндзысты.

Дыууæдæр программæйы бюджет æмтгæй райсгæйæ   900 милван ларийы бæрц у.  Масштабон  арæзтадтæ  параллелонæй  Гуырдзыстоны  фондз горæты –  Тбилисы, Кутаисы, Руставы, Зугдиды, æмæ Борджомы  цæуынц», – дзырдæуы  уагдоны  информацийы.