Хицауады уынаффæйæ, дырыс æвдыст амалхъомдзинад уæнгты æмæ амалхъомдзинад  сывæллæттæн социалон пакет 390 ларийы онг, æрмæст алы æндæр категорийы амалхъомдзинад цух уæнгтæн 195 ларийы онг райрæздзæн
Хицауады уынаффæйæ, дырыс æвдыст амалхъомдзинад уæнгты æмæ амалхъомдзинад сывæллæттæн социалон пакет 390 ларийы онг, æрмæст алы æндæр категорийы амалхъомдзинад цух уæнгтæн 195 ларийы онг райрæздзæн

Цæугæ азы январæй дырыс  æвдыст амалхъомдзинад цух  уæнгты æмæ амалхъомдзинад цух сывæллæттæн   социалон пакет  50 ларийæ, 320-æй 390 ларийы  онг рæзы –  банысангонд у хицауады  администрацийы информацийы.

«Министрты кабинеты уæнгтæ   хицауады абоны рабадтыл  æркастысты  Гуырдзыстоны  хицауады уынаффæйы   проект «Социалон пакет сбæрæг кæныны фæдыл». Ивддзинадмæ æмбæлгæйæ,  цæугæ азы  январæй  дырыс æвдыст  амалхъомзинад цух уæнгтæн æмæ  амалхъомдзинад  цух  сывæллæты социалон  пакет  50 ларийæ, 340-æй 390 ларийы онг рæзы.  Алы æндæр категорийы амалхъомдзинад  цух уæнгы финансон  æххуыс 20 ларийæ  рæзы, сæ нымæцы нысаниуæгджынæй æвдыст  амалхъомдзинад  цух уæнгы социалон пакет 175-æй 195 ларийы онг рæзы. Бюджеты бæрц у 46 милван ларийы бæрц.

Райрæзгæ  социалон  пакетæй 123 000-ы онг  бенефициар спайда кæндзæн», – банысангонд у  хицауады администрацийы информацийы.