Хицауады уынаффæйæ, цæугæ  4 июлæй,2023 азы 4 июлмæ, Гуырдзыстонæй  мæнæу æмæ  хъæбæрхоры экспорт тобæгонд уыдзæн
Хицауады уынаффæйæ, цæугæ 4 июлæй,2023 азы 4 июлмæ, Гуырдзыстонæй мæнæу æмæ хъæбæрхоры экспорт тобæгонд уыдзæн

Регионы уæвæг  уавæры  тыххæй,  хæлцадон  æдадсзинад  сифтонг кæнынæн,  нысаниуæгджын у  бынæттон  мæнæу æмæ  хъæбæрхоры  реализаци  æрмæст мидбазарыл  сыххæст уа, –  уый фæдыл æрдзы  хъахъхъæды æмæ   хъæууон хæдзарады  министр Отар  Шамугиа  фехуъсын кодта.

Министр дзуры, цæмæй  нæкæсгæ уымæ æмæ  Гуырдзыстон æххæстæй баст у  мæнæуы  импортыл (æрвылазонæй 500 мин тоннæ) æмæ  йæм тынг  чысыл кондад кæй ис, уый  тыххæй эспорт сыххæст кæнын хъом  нæу,  сырæзт уавæр æвзæрын кæны  риск, цæмæй  бæстæйæ  бæрæг  бæрцæй мæнæу экспортмæ  ацæуа.

Афтæма,  йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны  æркæнгæ хъæбæрхоры  экспорт Ирак æмæ  Иранмæ цæуы.  Фосдарынады, маргъдарынады æмæ хуыдарыны къабæзты  хойраг  ресурс хъæбæрхор, иттæг нысаниуæгщджын у,  цæмæй ацы  этапыл, æрмæст бынæттон   базарыл уа  реализацигонд. Цæугæ  азы, хъæбæрхоры  прогнозон тыллæг  60 мин тоннæйы фæлгæтты ис. Абоны уавæрæй, 2,5 мин тоннæйæ фылдæр экспортиргонд у.

«Уæлдæбанысангонды  тыххæй,   хицауад рахаста  уынаффæ, цæугæ азы  4  июлæй, 2023 азы  4  июлмæ,  Гуырдзыстонæй  мæнæуы æмæ хъæбæрхоры  экспортыл тобæ сæвæрыны фæдыл.    Ацы этапыл арæнæвæрдтæ не ххæссынц  нартхоры  экспортмæ. Æрдзы хъахъхъæды æмæ   хъæууон хæдзарады  министрад, мæнæуы æмæ   хъæбæрхоры  амалиуæгдæрттимæ  æнæ иу  фембæлд ауагъдта  æмæ   сæ  позицитæм байхъуыста. Сæ  фидиæнæй, бынæттон базар,  уæвæг  æркуырдмæ гæсгæйæ,  бæстæйы æркæнгæ тыллæгæй  æнæхъæнæй æрхион кæндзæн», – райхъусын кодта Отар Шамугиа.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны хъæууон хæдзарады  министрад.