Паризы Олимпиадæ абон цæугæдон Сенæйы  байгом уыдзæн -  комкоммæ репортаж Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл  #1TVSPORT
Паризы Олимпиадæ абон цæугæдон Сенæйы байгом уыдзæн - комкоммæ репортаж Гуырдзыстоны Фыццаг Каналыл #1TVSPORT

Абон  26 июлы, Тбилисы  рстæгæй 21:30 сахатыл   Паризы  33-æм  Олимпиадæйы  байгомы  бæрæгбойнон   церемони райдайдзæн. Комкоммæ репортажы  Гуырдзыстоны  Фыццаг Канал  æмæ Фыццаг Канал  “Спорт”   равдисдзысты.

«Спортсментæн уый  сæрмагонд момент уыдзæн, кæцы сæ никуы ферох уыдзæн. Ахъуыды  кæнгут, хъæзтытæ цæугæдон Сенæйы æмæ йæ  алыварс, цы ран  бирæ кæсджытæ æрымбырд уыдзысты.  Сидын   спортсментæм æнæхъæн Дунейæ  Паризмæ, Францмæ, цæмæй иумæ банысан кæнæм 33-æм Олимпиадæ, кæцыйы девиз у: Цырддæр, бæрзонддæр, тыхджындæр, иумæйагæй», –  банысан кодта  Æхсæнадæмон  Олимпион Комитеты  президент Томас  Бах.

Паризы хъæзтыты байгомыцеремони, Олимпион  стадионы басты цæугæдон Сенæйы   ацæудзæн, цы ран хайадисджытæ   наутыл баленк кæндзысты,  кæсджытæ та  донбылæй  кæсдзысты.  Олимпион  цырагъ та   растдæр 26-æм июлы  æхсæвы  фæуыдзæн  цыппаразон балц   Бердзенæй Паризы онг.  Ыссуддзæн  Олимпион  арт æмæ хъæзтытæ  дæр райдайдзысты.